12 Артем кӕнӕ дӕм Тихикы куы арвитон, уӕд бацархай, цӕмӕй мӕм Никополмӕ ӕрцӕуай. Уымӕн ӕмӕ зымӕг уым арвитын ис мӕ зӕрды.
Павелимӕ [Асимӕ] уыдысты вериаг Сопатр — Пирры фырт, фессалоникӕгтӕ Аристарх ӕмӕ Секунд, дервиаг Гайос ӕмӕ Тимофей, стӕй асиӕгтӕ Тихик ӕмӕ Трофим.
Афӕстиат уӕм уыдзынӕн, ӕвӕццӕгӕн. Чи зоны, мӕ зымӕг дӕр сымахмӕ арвитон, ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ сымах срӕвдз кӕндзыстут фӕндагмӕ, дарддӕр кӕдӕм цӕуон, уырдӕм.
Цӕмӕй сымахӕн дӕр мӕ уавӕртӕ ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ зындгонд уой, уый тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн Тихик, нӕ уарзон ӕфсымӕр ӕмӕ Бардарӕджы иузӕрдион кусӕг.
Мӕн тыххӕй уын ӕппӕт дӕр радзурдзӕн нӕ уарзон ӕфсымӕр Тихик, Бардарӕгӕн мемӕ чи кусы, мӕ уыцы иузӕрдион ӕххуысгӕнӕг.
Тихикы арвыстон Эфесмӕ.
Бацархай ӕмӕ, зымӕг цалынмӕ нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ ӕрцу. Саламтӕ дын ӕрвитынц Эввул, Пуд, Лин ӕмӕ Клавдиа, стӕй ӕфсымӕртӕ иууылдӕр.
Цы гӕнӕн ис, уымӕй мӕ тагъд бабӕрӕг кӕн!