Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Титмӕ 2:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын уайдзӕф кӕн барджынӕй, цӕмӕй дыл ӕнӕввӕрсон мачи уа.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Титмӕ 2:15
10 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ сын Уый сӕ динамонджытау нӕ амыдта, фӕлӕ кодта барджын ныхас.


Ӕмӕ сӕ дисы ӕфтыдта Йӕ ахуырад, уымӕн ӕмӕ сын динамонджытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй амыдта.


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийы фарстой: «Уый цы уа? Уый цавӕр ног ахуырад у? Барджынӕй куы дзуры, ӕмӕ Йын ӕнӕзӕгъинӕгтӕ дӕр Йӕ бардзырд куы ӕххӕст кӕнынц».


Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Цавӕр хъомыс ӕмӕ тых ис Йӕ ныхасы? Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ Йӕ бардзырдмӕ гӕсгӕ хӕйрӕджджынты ныууадзынц ӕмӕ ӕддӕмӕ рахизынц».


Ӕнӕрвӕссонтӕ йыл мачи кӕнӕд. Ифтонгӕй йӕ фарнимӕ афӕндараст кӕнут, цӕмӕй ӕрцӕуа мӕнмӕ — иннӕ ӕфсымӕртимӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын.


Тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдонӕн уайдзӕф кӕн ӕппӕт аргъуаны раз, цӕмӕй тӕрсой иннӕтӕ дӕр.


хъусын кӕн Хуыцауы дзырд, амон ӕй, фадат дын куы уа, уӕд дӕр ӕмӕ дын куынӕ уа, уӕд дӕр. Цӕстмӕ дар, уайдзӕф кӕн, рӕвдау — амон фӕразонӕй.


Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сын бауайдзӕф кӕн карзӕй, цӕмӕй раст уырнындзинадыл хӕцой


Чи амоны, уый амонӕд Хуыцауы ныхас; чи лӕггад кӕны, уый лӕггад кӕнӕд, Хуыцау ын цы хъару дӕтты, уымӕй — уӕ алы хъуыддагӕй дӕр Йесо Чырыстийы фӕрцы Хуыцау куыд скадджын уа, афтӕ. Кад ӕмӕ Йын паддзахад уӕд мыггагӕй-мыггагмӕ! Аммен.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan