11 Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх
Растӕд Хуыцау, Йӕ фыдгулты ныххӕлиу кӕнӕд, Йе сӕфт Дзы чи уыны, уыдон лидзӕг фӕуӕнт Йӕ цурӕй.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Дунедарӕджы уарзджытӕ, ӕнӕуынон уын уӕд фыддзинад! Уый хъахъхъӕны рӕстгӕнджыты, ӕнӕхуыцӕутты къухӕй сӕ бахизы.
Уе ’ргом Мӕм раздахут, ӕппӕт дзыллӕтӕ, ӕмӕ фервӕзат, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Хуыцау, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй.
Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».
Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.
Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.
О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»
Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй.
Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Уӕд алы адӕймаг дӕр фендзӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд ирвӕзындзинад“».
Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.
Уыцы Рухс уыди ӕцӕг, дунемӕ ӕрцӕуджытӕй алкӕй дӕр Чи срухс кӕны, ахӕм.
Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.
Ӕмбырд куы ахӕлиу, уӕд иудейӕгтӕ, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг диныл чи ныххӕцыд, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл ацыдысты. Павел ӕмӕ Варнавӕ ныхас кодтой семӕ ӕмӕ сӕм хатыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл фидар хӕцой.
Уымӕн ӕмӕ нын Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз Дӕ радтон муртаттӕгтӕн рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕрӕттӕм адӕм фервӕзой Дӕ фӕрцы“».
Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куынӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнын.
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Фӕлӕ фӕрсын: нӕ йӕ фехъуыстой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фехъуыстой. Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Ӕппӕт зӕххыл азӕлы сӕ хъӕлӕс, ӕмӕ сӕ ныхас айхъуысти дунейы иу кӕронӕй иннӕмӕ».
Фӕлӕ Адамы фыдракӕнд ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх иу не сты. Кӕд ӕмӕ иу адӕймаджы фыдракӕнд бирӕты бабын кодта, уӕд иу Адӕймаджы — Йесо Чырыстийы руаджы та Хуыцауы хорзӕх аххӕссыди уымӕй ноджы бирӕ фылдӕр адӕмыл.
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы кадӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал ис кӕрон.
Мах, Хуыцауы ӕмкусджытӕ, курӕм сымахӕй: Хуыцау уӕ цы хорзӕхӕй схайджын кодта, уый уын дзӕгъӕлы ма фӕуӕд.
Ӕз мӕхи нӕ тигъ кӕнын Хуыцауы хорзӕхыл. Уымӕн ӕмӕ, адӕймаджы кӕд Ӕгъдау раст кӕны, уӕд Чырысти дзӕгъӕлы амард.
ӕмӕ мах, нӕ тӕригъӕдты аххосӕй мард адӕмы, райгас кодта Чырыстиимӕ — сымах фервӕзтыстут Хуыцауы хорзӕхы фӕрцы.
Хуыцауы хорзӕх сымах фервӕзын кодта уӕ уырнындзинады фӕрцы. Уӕхӕдӕг ницӕмӕй фесгуыхтыстут — уый уын Хуыцауы лӕвар у;
Ӕрмӕст уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ лӕууа фидар бындурыл, уа ӕнӕфӕцудгӕ ӕмӕ хъуамӕ ма адард уат, цы Фарны Уац фехъуыстат, уый уын цы ныфс дӕтты, уымӕй. Уыцы Фарны Уац фехъусын чындӕуыд дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг.
Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.
Нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг ӕмӕ, мах Чи бауарзта, Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ нын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ фидар ӕнхъӕлц Чи радта, нӕ уыцы Фыд Хуыцау
Нӕ Бардарӕг мын рӕдауӕй бахай кодта Йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ, Йесо Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нӕхи чи свӕййы, уыцы уырнындзинад ӕмӕ уарзтӕй.
фӕнды Йӕ, цӕмӕй адӕм иууылдӕр фервӕзой ӕмӕ базоной ӕцӕгад.
ӕргом та абон раци — нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ Фарны Уацы руаджы ӕрхаста мыггагмӕйы цард.
Фӕлӕ мӕм Бардарӕг ӕрцыд ӕмӕ мӕ сфидар кодта, цӕмӕй Фарны Уац мӕн уылты хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕххӕстӕй ӕмӕ йӕ муртаттӕгтӕ се ’ппӕт дӕр фехъусой. Афтӕмӕй мӕ Уый фервӕзын кодта домбайы дзыхӕй.
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,
Фӕлӕ уынӕм, ӕрмӕст цыбыр рӕстӕгмӕ зӕдтӕй дӕлдӕр ӕвӕрд кӕй ӕрцыди Йесо, уый фӕстӕ та кад ӕмӕ намысӕй схайджын ис. Хуыцау мах Йе стыр хорзӕхы аккаг кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Уый махӕй алкӕй сӕраппонд дӕр мӕлӕт бавзӕрста.