14 ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтытӕм.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц, уымӕн ӕмӕ, цытӕ амонынц, уыдон сты адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ“».
Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ сты“.
Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат?
Уыдон иууылдӕр сты адӕмы ӕрхъуыдыгонд фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ. Уыцы уагӕвӕрдтӕ дзурынц се спайда кӕныны фӕстӕ аппарынӕй уӕлдай чи ницӕмӕнуал фӕбӕззы, уыцы дзауматыл.
ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл.
Ӕмӕ зон, ахӕм адӕймаг кӕй фехӕлд ӕмӕ тӕригъӕды кӕй бафтыд ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхицӕн тӕрхон кӕй рахаста, уый.
Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.
Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд: «Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ» ӕмӕ: «Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа, уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».