Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 3:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Уӕдӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн цы бон ныллӕудзынӕн, уымӕ! Мӕнӕ уын Мӕ тӕрхон: Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн адӕмты ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕм фӕсиддзынӕн, цӕмӕй сыл Мӕ маст ныккалон, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх Мӕ зӕрдӕхсайды артӕй басудздзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 3:8
39 Iomraidhean Croise  

цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.


Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты —


Ныггуыбыр дӕн, ӕрлӕмӕгъ дӕн бынтондӕр, хъынцъымгӕнгӕйӕ арвитын мӕ бон.


Давиды псалом. Иудейы ӕдзӕрӕг быдыры куы уыди, уӕд.


Цӕрӕнбонты Дын арфӕ кӕндзынӕн, хӕрдмӕ мӕ къухтӕ сдардзынӕн Дӕ номыл.


О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ адӕмы куывдтытӕм кӕдмӕ мӕсты кӕндзынӕ?


Дзулау нӕ куы бафсӕстай цӕссыгӕй, цӕссыгты кӕхц нын бануазын кодтай дзагӕй.


Ма дзур: «Ӕз мӕ маст райсдзынӕн!» Дӕхи Дунедарӕджы бар бакӕн, ӕмӕ дӕ Уый фыдбылызӕй бахиздзӕн.


О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ, о, де ’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн! Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау, мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд, йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц!


Хуыцау тӕрхон кӕндзӕни зӕххы цъарӕн, ӕппӕт адӕмтӕм сисдзӕни Йӕ къух.


Фӕлӕ Дунедарӕг нӕ тагъд кӕны уӕ бафхӕрыныл, уромы Йӕхи; фӕнды Йӕ сымахӕн ныббарын, фӕтӕригъӕд уын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст тӕрхоны Хуыцау у. Тӕхудиаг сты, йӕ зӕрдӕ Йыл чи дары, уыдон!


Дунедарӕджы маст ссыгъд ӕппӕт адӕмтӕм, ӕппӕт дзыллӕтӕм. Йӕ азары амӕттаг сӕ бакодта, мӕлӕты тӕрхон сын рахаста.


Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».


Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.


Уӕдӕ раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йын Йӕ раст тӕрхоныл ӕууӕнд, дӕ зӕрдӕ дар кӕддӕриддӕр Хуыцауыл.


Ӕппӕт адӕмты ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Иосафаты дӕлвӕзмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн ӕмӕ сын Мӕ адӕмы, Мӕ исбоны, Израилы тыххӕй сын тӕрхон кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтой ӕмӕ Мын Мӕ зӕхх байуӕрстой.


Ӕз та мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дардзынӕн, Хуыцау мӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзынӕн, мӕ Хуыцау мӕ фехъусдзӕн.


Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».


Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн.


паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ.


Йӕ разы ӕрӕмбырд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ, ӕмӕ иуты фӕхицӕн кӕндзӕн иннӕтӕй, фыййау фысты сӕгътӕй куыд фӕхицӕн кӕны, афтӕ.


Хуыснӕг куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕни Бардарӕгӕн Йе ’рцыды бон дӕр. Арв фӕцыдӕр уыдзӕн ӕрвнӕрды хуызӕн гыбар-гыбуримӕ, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон ныппырх уыдзысты ӕмӕ цӕхӕр фестдзысты, зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр тӕрхонмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзысты.


Кувӕндонӕй мӕм райхъуыст, авд зӕдӕн хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Марадз, Хуыцауы фыдӕхы авд кӕхцы акалут зӕхмӕ!»


диссӕгтӕ чи ӕвдисы, уыцы дӕлимонты. Уыдон рацыдысты ӕппӕт дунейы паддзӕхтӕм, цӕмӕй сӕ тохмӕ ӕрӕмбырд кӕной Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр бонмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan