3 Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.
Рыхӕг домбай кӕнӕ хъӕхъхъаг арс — ӕвзӕр хицау дӕр мӕгуыр адӕмӕн уыдоны ’нгӕс у.
Де ’лдӕрттӕ систы ӕгъдаухалджытӕ, къӕрныхтимӕ — ӕмдзӕхдон. Уарзынц лӕвӕрттӕ, исынц гӕртӕмттӕ, сидзӕры сӕрыл нӕ хӕцынц, идӕдз усы марой сӕм нӕ хъары.
Уыдон ныррыхдзысты домбӕйттау, ратӕлӕт кӕндзысты сӕ фосы хай, ахӕсдзысты йӕ, ӕмӕ йӕ уыдоны дзыхӕй никӕйуал бон бауыдзӕн фӕстӕмӕ байсын.
Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»
сауджынӕй, пехуымпарӕй — цӕстмӕхъустӕ. «Суанг сын Мӕ Хӕдзары дӕр сӕ фыдракӕндтӕ уынын, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Иудей ӕмӕ Йерусалимы уӕздӕттӕ, барджынтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы — уыцы родӕн йӕ дыууӕ ’рдӕджы астӕу чи ацыди, уыдоны се ’ппӕты дӕр,
Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».
Израилы фӕтӕгтӕ дӕм бацыдысты ӕмӕ, йӕ бон кӕмӕн цас уыди, уый бӕрц туг ныккалдтой.
Сымах ныфсджын стут уӕ кардӕй, ӕлгъаг митӕ кӕнут, иу уӕ иннӕйы усы фӕчъизи кӕны, ӕмӕ ма зӕхх дӕр уӕхи бакӕнынмӕ хъавут?“
Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау.