2 Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы.
Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.
Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.
О Дунедарӕг, байгом мын кӕн мӕ дзых, ӕмӕ Дӕ стаудзынӕн!
Уӕлзонды райдиан — Хуыцауы тас; зондамындыл ӕлгъ чи кӕны, уый ӕдылы у.
Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.
Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.
Додой сӕ къона, Мысырмӕ ӕххуысагур чи цӕуы, се ’нӕнымӕц тохуӕрдӕттыл, сӕ тыхджын бӕхӕфсадыл йӕ зӕрдӕ чи дары, Израилы Уаз Хуыцаумӕ та йе ’ргом чи не здахы, Дунедарӕджы уынаффӕ чи нӕ агуры, уыдонӕн!
Дунедарӕг загъта Израилы адӕмӕн, Йаковы байзӕддагӕн: «Сымах нӕ куывтат Мӕнмӕ, нӕ хъизӕмар кодтат Мӕн тыххӕй.
скӕсӕнӕй — арамейӕгты, ныгуылӕнӕй — филистимӕгты. Уыцы кӕрӕфтӕ аныхъуырдзысты Израилы. Фӕлӕ Дунедарӕджы маст ууыл дӕр нӕ басабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни сӕм ноджыдӕр.
Дӕ хал у уый, Ӕз дын ахӕм хъысмӕт снысан кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕй Мӕ ферох кодтай ӕмӕ дӕ зӕрдӕдарӕн мӕнгдзинад кӕй сси, уый тыххӕй.
Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!
Фӕрнджынӕй куы цардтӕ, уыцы заман-иу демӕ дзырдтон, фӕлӕ ды загътай: «Нӕ Дӕм хъусдзынӕн!» Де ’взонджы бонтӕй абоны онг афтӕ кӕныс — нӕ Мын хъусыс Мӕ ныхасмӕ!
Се ’ргомы бӕсты Мӕм раздӕхтой сӕ чъылдым. Ӕз сын ӕдзухдӕр зонд амыдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, зондамындтӕ ницӕмӕ ӕрдардтой.
«Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: цӕугӕ, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъ: ау, ацы хъуыддагӕй уӕхицӕн ницы хатдзӕгтӕ скодтат ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм хъусын нӕ сахуыр уыдзыстут? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау: «Ӕз Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, рагацау сын цы бӕллӕхты тыххӕй загътон, уыдон бавзарын кӕндзынӕн, — Ӕз сын дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстой, сидтӕн сӕм, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтой».
О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!
«Адӕймаджы фырт! Ацы бӕстӕйӕн зӕгъ: ды афтӕ фӕчъизи дӕ, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, къӕвда дӕр дын нал ратдзынӕн.
Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.
стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны.
Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,
ӕмӕ уӕдӕ хӕстӕгдӕр бацӕуӕм уырдӕм ӕнувыд зӕрдӕ ӕмӕ фидар уырнындзинадимӕ — сыгъдӕггонд ӕрцыдысты хӕрамӕй нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕг донӕй ӕрӕхсадӕуыд нӕ буар.