Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 3:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 3:19
38 Iomraidhean Croise  

О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Додой дӕ къона, гӕныстонгӕнӕг, ныронг гӕныстойнаг чи нӕма фӕци! Додой дӕ къона, фӕлитой стигъӕг, ныронг стигъджыты амӕттаг чи нӕма баци! Дӕрӕн кӕнын ӕмӕ стигъын куынӕуал фӕразай, уӕд дын дӕхи дӕр ныддӕрӕн кӕндзысты, дӕхи дӕр дын бастигъдзысты.


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.


Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.


Ма ныхъхъус ут, кувут Дунедарӕгмӕ, цалынмӕ Йерусалимы сахар ногӕй сараза, цалынмӕ, йӕ кады ном дунейыл кӕмӕн айхъуыса, ахӕм сахар дзы сараза, уӕдмӕ!


Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты.


Арфӕйы зарджытӕ, цины хъӕртӕ дзы райхъуысдзысты. Сбирӕ сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ нал фӕкъаддӕр уыдзысты; скадджын сӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ ӕгады бынатмӕ нал ӕрхаудзысты.


Ӕз Мӕ адӕмы цӕгатаг бӕстӕй ӕрбакӕндзынӕн, зӕххы кӕрӕттӕй сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Се ’хсӕн ис куырмытӕ ӕмӕ къуылыхтӕ, ӕнхъӕлцау сылгоймӕгтӕ, ӕвгъӕды бадджытӕ, — уыдон ардӕм ӕнӕнымӕцӕй раздӕхдзысты.


Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ма тӕрс, Мӕ цагъар Йаков, Ӕз демӕ дӕн. Ӕз дӕ адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, фӕлӕ ныр се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн. Ӕрмӕстдӕр дӕу нӕ ныццӕгъддзынӕн. Раст тӕрхон дын рахӕсдзынӕн, фӕлӕ дӕ ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ ныууадздзынӕн».


Ӕмӕ Дӕм мӕнӕ Ӕз Мӕ къух систон, дӕ зӕххы хай дын фӕкъаддӕр кодтон ӕмӕ дӕ радтон, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы филистимаг чызджыты къухтӕм, фӕлӕ суанг уыдон дӕр фефсӕрмы сты де ’нӕуаг митӕй.


фӕлӕ уалынмӕ раргом сты де ’наккаг хъуыддӕгтӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн уыдтӕ, уыцы арамейаг чызджытӕ ӕмӕ сӕ алыварс цӕрджытӕ, стӕй филистимаг чызджытӕ дӕуӕн алырдыгӕй фидистӕ куы кодтой, уӕды заманау.


Сӕфт фосы-иу ссардзынӕн, чи фӕдзӕгъӕл уа, уый-иу фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн, фӕцӕф ис, зӕгъгӕ, уӕд-иу ын бабӕтдзынӕн йӕ хъӕдгом, рынчынмӕ-иу базилдзынӕн, ӕгӕр чи снард ӕмӕ абухгӕ чи кӕны, уыцы фосы та фесафдзынӕн, хиздзынӕн сӕ рӕстӕй.


Бӕстӕйы адӕм сӕ се ’ппӕт дӕр ныгӕндзысты, ӕмӕ Ӕз скадджын уыдзынӕн уыцы бон, скадджын уыдзысты Мӕ адӕм дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Сӕ фыдгулты бӕстӕтӕй сӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн ӕмӕ сын афтӕмӕй бирӕ адӕмты раз равдисдзынӕн, Ӕз уаз кӕй дӕн, уый. Ӕмӕ сӕхи зӕххыл ӕдасӕй цӕрын куы байдайой, куы ничиуал сӕ тӕрсын кӕна, уӕд ӕрхуддзысты сӕхиуыл, сӕ фыдракӕндтӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты.


Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.


Дунедарӕг Йӕ тӕрхон аивта, дӕ фыдгулты дын фӕсырдта! Дунедарӕг, Израилы Паддзах, демӕ ис! Нырӕй фӕстӕмӕ дын фыдбылызӕй тас нал у!


Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».


Цӕмӕй уӕ, кӕй сӕвзӕрын кодта, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕра, кад, намыс ӕмӕ уӕ ӕппӕт хӕрзты аккаг скӕна, ӕмӕ, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм уат».


Раст фӕндагыл цӕут, цӕмӕй, къуылых чи у, уый ноджы тынгдӕр ма ныкъкъӕдз уа, фӕлӕ сдзӕбӕх уа.


Фӕлӕ Хуыцау уӕларвӕй рауагъта арт ӕмӕ сӕ басыгъта.


Уӕд Адони-Безек загъта: «Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз паддзахы, сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхты стыр ӕнгуылдзтӕ уыдысты лыг, афтӕмӕй мӕ фынджы бын уӕлдӕйттӕ уыгътой; мӕхӕдӕг иннӕтӕн цытӕ кодтон, уыдӕттӕ мын Хуыцау мӕхицӕн дӕр бавзарын кодта». Израилӕгтӕ Адони-Безекы Йерусалиммӕ акодтой, ӕмӕ уым амарди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan