18 Бӕрӕгбӕттӕ чи мысы, уыдонӕн Ӕз фӕсурдзынӕн сӕ хъыгтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы уӕзӕй фервӕздзысты.
Ды Дӕхи къухӕй иннӕ адӕмты фӕсырдтай, уыдоны та ӕрцӕрын кодтай сӕ зӕххыл; басастай ӕмӕ фӕтардтай адӕмты.
О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм.
Мӕ фыстӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны Ӕз цы бӕстӕтӕм фӕсырдтон, уырдыгӕй фӕстӕмӕ сӕ цӕрӕнбынатмӕ раздахдзынӕн, ӕмӕ та ногӕй сбирӕ уыдзысты.
Хъынцъым куы кӕнынц фӕндӕгтӕ Сионы, — бӕрӕгбонарӕзт иунӕг дӕр куынӕуал у. Уӕ, сафтид сты сахарӕн йӕ кулдуӕрттӕ, хъӕрзынц йӕ сауджынтӕ, хъӕр кӕнынц фыр рыстӕй йӕ чызджытӕ! О, додойаг куы фӕци!
Ӕрымысыд йӕ хъизӕмӕртты заман Йерусалим йӕ раздӕры хӕзнатӕ. Ныр саст ӕрцыд, ӕххуысгӕнӕг нӕ зыны, кӕсынц ӕм знӕгтӕ ӕмӕ худынц, кӕй фесӕфти йӕ хъару, ууыл.
Ракӕндзынӕн сӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу сты, уырдыгӕй ӕмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн сӕ зӕхмӕ. Хиздзынӕн сӕ Израилы хӕхтыл, цӕугӕдӕтты цур, бӕстӕйы ӕппӕт уӕтӕрты.
Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ.
ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».
Иудейӕгтӕ ӕмӕ израилӕгтӕ иумӕ ӕрбамбырд уыдзысты, сӕхицӕн иу фӕтӕджы сӕвӕрдзысты ӕмӕ уыцы бӕстӕй рацӕудзысты, уымӕн ӕмӕ Изреелмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы стыр фидӕн.
Цы ми кӕндзыстут уӕ бӕрӕгбӕтты, Дунедарӕджы бӕрӕгбон куы ’рхӕццӕ уа, уӕд?
Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.