Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 3:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 3:11
29 Iomraidhean Croise  

Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. О Дунедарӕг, ӕрымыс Давиды, ӕрымыс ын йӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ —


«Ӕрӕмбырд мӕм кӕнут Мӕ сыгъдӕджыты, нывонды уӕлхъус Мемӕ фидыд чи сарӕзта, уыдоны!»


Уый Ды нӕ уыдзынӕ, нӕ Хуыцау? Де ’ргом нӕ куы аздӕхтай, не ’фсадимӕ хӕстмӕ куынӕуал цӕуыс!


Мӕ уаз хохыл сӕ кой дӕр нал уыдзӕн фыдми ӕмӕ знаггадӕн, уымӕн ӕмӕ, денджыз донӕй йемыдзаг куыд вӕййы, афтӕ ӕгас зӕххыл сбирӕ уыдзысты Дунедарӕджы тыххӕй зонындзинӕдтӕ.


Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.


Фӕлӕ Дунедарӕг мыггагмӕ фервӕзын кӕндзӕн Израилы адӕмы. Тъымы-тъыматӕм дӕр никуы фегад ӕмӕ фӕхудинаг уыдзысты.


Уӕд дӕлдзиныггонд ӕрцӕудзысты адӕм ӕмӕ алчидӕр сӕрныллӕг суыдзӕн, хъалтӕ дӕр ӕруадздзысты сӕ сӕртӕ.


Ма тӕрс! Нырӕй фӕстӕмӕ нал хӕсдзынӕ ӕгады ном. Мацӕмӕйуал ӕфсӕрмы кӕн! Нал дыл сбаддзӕни фидиссаджы ном. Де ’взонджы худинаг дӕ ферох уыдзӕни, дӕ идӕдзы бонты фидистӕ дӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрӕфтдзысты.


уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».


Уӕ фыдгултӕй ӕгад ми ӕмӕ фидисӕй цас бавзӕрстат, уымӕй дыууӕ ахӕмы фылдӕрӕй райсдзыстут хӕрзтӕ. Цинӕй райдзыстут уӕ зӕххыл, мыггагмӕ цӕрдзыстут зӕрдӕрухсӕй.


«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: раст афтӕ басӕтдзынӕн Иудейы хъалдзинад ӕмӕ Йерусалимы ӕгӕрон сӕрыстырдзинад дӕр.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут мӕнг ныхӕстыл: „Ам ис Дунедарӕджы Кувӕндон!“


Уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ уаз хохыл, Израилы бӕрзонд хохыл, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — лӕггад кӕндзысты ӕппӕт Израилы адӕм, дунейыл сӕ чидӕриддӕр ис, уыдон. Уым сыл Ӕз ӕхсызгонӕй сӕмбӕлдзынӕн. Уым уын бацагурдзынӕн уӕ хуынтӕ, уӕ хоры сӕртӕ ӕмӕ уе ’ппӕт уаз нывӕндтӕ.


цӕмӕй ӕз Израилы адӕмӕн зӕгъон: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз фӕчъизи кӕндзынӕн Мӕ Кувӕндон — уӕ хъомысы цӕджындз, уӕ цӕстырухс, уӕ удлӕууӕн. Уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ та, сахары кӕй ныууагътат, уыдон, карды амӕттаг бауыдзысты“.


О Бардарӕг! Дӕ рӕстады сӕраппонд Дӕ маст аздах Дӕ сахар Йерусалимӕй, Дӕ уаз хохӕй! Нӕ тӕригъӕдты ӕмӕ нӕ фыдӕлты фыдракӕндты аххосӕй Йерусалим ӕмӕ Дӕ адӕм хынджылӕггаг систы сӕ алыварс цӕрджытӕн!


Афтӕ куывтон ӕз, фӕсмон кодтон мӕ тӕригъӕдтыл, хатыр куырдтон Израилы тӕригъӕдты тыххӕй. Мӕ Хуыцауы уаз хохы тыххӕй лӕгъстӕ кодтон Дунедарӕгӕн, мӕ Хуыцауӕн.


Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн».


Моисей ӕмӕ Аароны алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сын загътой: «Ӕгъгъӕд уын фӕуӕд! Дзыллӕ иууылдӕр сыгъдӕг сты, ӕмӕ Дунедарӕг ис се ’хсӕн! Уӕдӕ уӕхи Дунедарӕджы ӕмбырдӕй уӕлдӕр цӕмӕн кӕнут?»


Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Ныр та дӕумӕ дзурын, йӕхи иудейаг чи хоны, уый. Ныфс дӕ ис Ӕгъдауӕй; дӕхицӕй ныббуц дӕ, цыма Хуыцау дӕумӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсы;


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Сыгъдӕг фыст дӕр уымӕн афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын сӕрӕвӕрӕн — ӕвзӕрст зынаргъ дур, чи Йыл ӕууӕнды — нӕ фегад уыдзӕн».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan