Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 3:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додой йӕ къона, чи фӕчъизи ис, уыцы змӕнтӕг ӕмӕ тыхгӕнӕг сахарӕн!

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 3:1
17 Iomraidhean Croise  

Уымӕ гӕсгӕ Израилы Уаз Хуыцау афтӕ зӕгъы: „Сымах уӕхи кӕй атигъ кодтат ацы ныхасыл, тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадыл уӕ зӕрдӕ кӕй дарут,


Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.


Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.


фӕлӕ уыцы тынтӕй нӕдӕр уӕлӕдарӕс скӕнӕн ис, нӕдӕр ӕмбӕрзӕн бауафӕн. Уыдон сты фыдгӕнӕг адӕм, тыхгӕнджытӕ.


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Ацы адӕм та хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон сты, фӕзылдысты ӕмӕ ацыдысты.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕлӕстӕ акалут ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ хӕцынӕн саразут бырутӕ. Ацы сахар баййафдзӕн ӕфхӕрд, уымӕн ӕмӕ байдзаг ис ӕфхӕрдӕй.


Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ!


Адӕм дӕр ӕфхӕрынц кӕрӕдзи, стигъынц ӕмӕ тухӕнӕй марынц мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы, ӕнӕхъуаджы ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы.


Дӕ цӕрджытӕ ӕлгъ кӕнынц сӕ ныййарджытыл, ӕфхӕрынц ӕрцӕуӕггаджы, сидзӕры ӕмӕ идӕдзы.


Афтӕ дын бачындӕуыдзӕн, алы адӕмтимӕ ӕнӕуаг митӕ кӕнгӕйӕ, сӕ гуымирытӕй дӕхи кӕй фӕчъизи кодтай, уый тыххӕй.


Йӕ гуцъа йын йӕ пакъуытимӕ стонӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны скӕсӕнварс, фӕнык кӕдӕм фӕкалынц, уырдӕм аппарӕд.


Ашдод ӕмӕ Мысыры сахарты фехъусын кӕнут: «Ӕрӕмбырд ут Самарийы къуыбыртыл, акӕсут-ма, цытӕ дзы цӕуы, уымӕ: бӕстӕ — змӕст, адӕм се ’фсондзы бын удхарӕй мӕлынц!»


Байхъусут ацы ныхасмӕ, башайнаг хъуццытӕ, Самарийы хохыл чи цӕры, уыдон! Сымах мӕгуырты ссӕндут, сабыр адӕмы ӕфхӕрут ӕмӕ дзурут уӕ хицӕуттӕн: «Нозт нын ӕрбахӕсс, ӕмӕ нуазӕм!»


Быдыр сӕ бахъӕуа — бацахсынц ӕй, хӕдзармӕ бабӕллой — байсынц ӕй; нӕ ауӕрдынц нӕдӕр лӕгыл, нӕдӕр йӕ бинонтыл, байсынц ын йӕ исбон.


сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут.


Рӕхджы уӕм Ӕз тӕрхон кӕнынмӕ ’рцӕудзынӕн! Ӕз хурмӕ рахӕсдзынӕн кӕлӕнгӕнджыты, хӕтаг адӕмы, йӕ ард чи сайы, йе ’ххуырстӕн мызд чи нӕ фиды, идӕдз ӕмӕ сидзӕры чи ’фхӕры, ӕцӕгӕлоны ӕввахс чи нӕ уадзы ӕмӕ Мӕнӕй чи нӕ тӕрсы, уыдоны хъуыддӕгтӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan