Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Уӕдӕ Ӕз, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, сомы кӕнын Мӕхицӕй! Моавӕгтӕ ӕмӕ аммонӕгтӕ Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хал ахӕрдзысты! Сӕ зӕххытӕ хӕмпӕлгӕрдӕгӕй нал зындзысты, гӕныстонмӕ ’рцӕудзысты, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты мыггагмӕ! Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕ ныххӕлӕттаг кӕндзысты, уыдоны исбон бауыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 2:9
27 Iomraidhean Croise  

Иумӕ абырсдзысты ныгуылӕнӕрдӕм, филистимӕгты бӕстӕм, бастигъдзысты скӕсӕны адӕмты. Едом ӕмӕ Моавы бӕстӕтыл ӕрӕвӕрдзысты сӕ бархъомыс. Аммонӕгтӕ сын дӕлбариуӕг кӕндзысты.


Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.


Алырдӕм-ма афӕлгӕс! Дӕ адӕм дӕм ӕмбырд кӕнын байдыдтой. Цардӕгас дӕн Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлындӕнтау бацин кӕндзынӕ се ’ппӕтыл дӕр, ног чындзау сӕ сфӕлынддзынӕ дӕхи.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.


Аммонӕгты тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ау, Израилӕн фырттӕ нӕй? Ау, ӕнӕ бындарӕй баззад? Милком цӕмӕн бацахста Гады зӕхх, ӕмӕ йӕ адӕм Гады сахарты цӕмӕн цӕрынц?


Содом ӕмӕ Гоморрӕ, стӕй сӕ алфамбылай цы сахартӕ ис, уыдон куыд бабын сты, — зӕгъы Дунедарӕг, — афтӕ уым дӕр иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн, ничиуал дзы ӕрцӕрдзӕн.


Хацор хъӕддаг куыйтӕн цӕрӕнбынат суыдзӕн, ӕнусмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн. Цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн, ӕмӕ дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕн.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйау, стӕй, сӕ алыварс цы сахартӕ уыд ӕмӕ Хуыцау кӕй ныппырх кодта, уыдонау, — зӕгъы Дунедарӕг, — уым дӕр ничи ӕрцӕрдзӕн, лӕджы къах дзы нал ӕрлӕудзӕн.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: аммонӕгтӕн сӕ фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цӕмӕй сӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕной, уый тыххӕй Галаады сывӕрджын устыты кӕрдтӕй рӕхуыстой.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Моавы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн, уымӕн ӕмӕ Едомы паддзахӕн йӕ мардыл дӕр нӕ бацауӕрстой, басыгътой йӕ.


Фосы рӕгъӕуттӕ ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕ дзы ривӕд кӕндзысты. Сӕ хӕдзӕртты кӕлддзӕгты уыг ӕмӕ сидахъхъ ӕрцӕрдзысты, рудзгуытӕй сӕ цъӕлхъӕр хъуысдзӕни; хъайвантыл халӕттӕ баддзысты, тарвӕзты нывӕфтыд азгъӕлдзӕни.


Иудӕйы фӕстагӕттӕй ма чи аирвӕза, уыдоны хай бауыдзӕн; сӕ фос хиздзысты уым, Ашкелоны хӕдзӕрттӕ сын фосдарӕн уыдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕркӕсдзӕн, уацарӕй сӕ суӕгъд кӕндзӕн».


Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.


Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»


Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй,


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъдӕуы: «Ӕз цардӕгас дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг дӕр, ӕмӕ алы ӕвзаг дӕр стаудзӕни Хуыцауы».


Уӕ фӕстӕ чи рахъомыл уа, уыцы фӕлтӕртӕ дӕр ӕмӕ дардбӕстаг ӕцӕгӕлӕттӕ дӕр зӕгъдзысты, ацы бӕстӕйы бӕллӕхтӕ ӕмӕ йыл Дунедарӕг цы рынтӕ бафтыдта, уыдонмӕ кӕсгӕйӕ,


ӕнӕхъӕн бӕстӕйы бынаты сондон, цӕхх ӕмӕ сыгъдон уынгӕйӕ, садзгӕ дӕр кӕм ницыуал кӕндзысты ӕмӕ зайгӕ дӕр кӕм ницыуал ӕркӕндзӕн, раст, Дунедарӕг Йӕ фыр мӕстӕй кӕй бабын кодта, уыцы Содом ӕмӕ Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы сахартау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan