12 Эфиопӕгтӕ, сымах дӕр Мӕ карды амӕттаг бауыдзыстут!
Йе ’рттывдӕй мигътӕ тахтысты Йӕ разӕй — ихуард ӕмӕ зынджы стъӕлфӕнтӕ.
Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!
Дард бӕстӕй, арвы кӕронӕй, ӕрбацӕуынц Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ азар, цӕмӕй ӕгас зӕхх бабын кӕной.
Дунедарӕг загъта: «Мӕ цагъар Исайа ӕртӕ азы бӕгънӕг-бӕгъӕввадӕй кӕй цӕуы, уый Мысыр ӕмӕ Эфиопийӕн у ӕвдисӕйнаг:
Уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау. Уӕ балхӕнынӕн радтон Мысыр, ноджы ма — Эфиопи ӕмӕ Сева.
Вавилоны паддзахӕн йӕ цӕнгты хъару сфидар кӕндзынӕн, йӕ къухы йын бавӕрдзынӕн Мӕ кард, фараоны цӕнгты хъару та басӕтдзынӕн, ӕмӕ Вавилоны паддзахы раз мӕлӕтдзаг цӕфӕй хъӕрздзӕн.