Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 1:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Дунедарӕджы нывондхӕссӕн бон куы ралӕууа, уӕд Ӕз уӕздӕтты ӕмӕ паддзахы фыртты, стӕй, ӕцӕгӕлӕтты дарӕс кӕуылдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр бафхӕрдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 1:8
15 Iomraidhean Croise  

Бӕрӕгбоны дарӕстӕ кӕй бӕрны уыдысты, уымӕн Йегу бафӕдзӕхста, цӕмӕй Баалы лӕггадгӕнджытӕн дарӕстӕ рахӕсса. Уый рахаста,


Дунедарӕг Сионы хох ӕмӕ Йерусалимы ныхмӕ цы сфӕнд кодта, уый куы сӕххӕст кӕна, уӕд Ассирийы паддзахы бафхӕрдзӕн, сӕрбӕрзонд кӕй сси ӕмӕ иннӕтӕм ӕнӕввӕрсон цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй.


Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.


Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.


Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».


Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц.


Сылгоймагӕн нӕлгоймаджы дарӕс дарын не ’мбӕлы, нӕлгоймаг та хъуамӕ сылгоймаджы дарӕс ма дара. Афтӕ чи кӕны, уый Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕлгъаг у.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan