7 Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.
Ӕппӕтхъомысӕн Йӕ тӕрхоны бонтӕ нысангонд цӕуылнӕ сты, Хуыцауы чи зоны, уыдон сӕм дзӕгъӕлы ӕнхъӕлмӕ цӕмӕн кӕсынц?
Адӕмты фӕтӕгтӕ ӕрбамбырд уыдзысты Авраамы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы барджынтӕ Хуыцауы сты; бӕрзонд у Уымӕн Йӕ кад.
Ӕз бардзырд радтон Ме ’взӕрстытӕн, фӕсидтӕн Ме ’хсарджынтӕм, Мӕ кад стыр цины хос кӕмӕн у, уыдонмӕ, цӕмӕй Мын сӕххӕст кӕной Мӕ тӕрхон».
Ӕрдиаг кӕнут — Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс, Ӕппӕтхъомыс дӕрӕнгӕнгӕ ӕрцӕудзӕн.
Иу бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг стӕрхон кӕндзӕни ӕнӕввӕрсон, схъӕл ӕмӕ сӕрхызтӕн — ӕрныллӕг сӕ кӕндзӕни.
Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!
Уӕлӕрвты кардӕлвӕстӕй лӕууы Дунедарӕг, тӕрхон кӕнынмӕ ӕрхиздзӕн Едоммӕ, Йӕ азары амӕттаг бакӕнинаг кӕй у, уыцы адӕммӕ.
Туг ӕмӕ сой лӕдӕрсдзысты Дунедарӕджы кардӕй, фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ ’ргӕвдгӕйӕ куыд вӕййы, афтӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг кусарт кӕндзӕни Боцрайы сахары, бирӕ ӕргӕвстытӕ уыдзӕн Едомы зӕххыл.
Ӕмӕ ӕз загътон: «Додойаг фӕдӕн! Ме сӕфт ӕрцыди! Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йе ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕймаг, стӕй цӕргӕ дӕр кӕнын, се ’взаг кӕмӕн фӕчъизи, ахӕм адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ афтӕмӕй ӕз уынын Паддзахы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы!»
Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, мастисӕн бон ралӕууыд, ӕмӕ Йе знӕгтӕй Йӕ маст райсдзӕни. Йӕ фыдгулты Йын кард аныхъуырдзӕн, бафсӕддзӕн сӕ тугӕй! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, нывонд ӕрхастӕуыд цӕгатаг бӕстӕйы, Евфраты доны был.
Мӕнӕ ӕрхӕццӕ ис уыцы бон! Ралӕууыд, ӕрцыди уе сӕфт! Тыхгӕнӕджы лӕдзӕг къуыбар ӕфтауы, схъӕлдзинад та дидинӕг калы.
де сӕфт ӕрцыди, а зӕххы цӕрӕг! Ралӕууыд афон, азары бон ӕрбахӕстӕг; уӕ хӕхтӕм ӕрбаввахс кӕны циндзинады нӕ, фӕлӕ ӕвирхъау тасы заман.
О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.
Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?
Хур баталынг уыдзӕн, мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн Дунедарӕджы стыр ӕмӕ ӕвирхъау Боны размӕ.
Сӕ хӕстӕджытӕй исчи ӕрбацӕудзӕн, цӕмӕй сӕ бавӕрыны размӕ байсӕрда ӕмӕ, марды ’ддӕмӕ хӕсгӕйӕ, хӕдзаргӕсы бафӕрсдзӕн: «Исчи ма дзы ис?» Уый йын дзуапп ратдзӕнис: «Ничи». Уӕд ын зӕгъдзӕн: «Сабыр! Дунедарӕджы ном дзурӕн нӕй!»
Уыцы бон галуантӕй зарджыты бӕсты райхъуысдзӕни кӕуын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Зӕхх мӕрдтӕй байдзаг уыдзӕн. Алы ран дӕр — мӕрдтӕ, мӕрдтӕ! Сабыр!»
Дунедарӕг та цӕры Йӕ уаз Кувӕндоны. Ӕгас зӕхх Йӕ разы ныхъхъус уӕд!
Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!
Мӕнӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, тыхгӕнӕг дӕ ӕфтиагӕн цы байста, уыдон дын де ’хсӕн куы уардзысты, уыцы бон.
Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»
Ӕрхӕццӕ уыдзӕн Мӕ Тӕрхоны бон, пиллон калдзӕнис пецау. Уӕд сӕрыстыртӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ хъӕмпы хуызӕн суыдзысты, цы бон ӕрцӕудзӕн, уый сӕ басудздзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — нӕ сӕ ныууадздзӕнис нӕдӕр уидаг, нӕдӕр къалиутӕ.
Ноджы арвыста ӕндӕр цагъарты ӕмӕ сын бафӕдзӕхста афтӕ зӕгъын: „Мӕнӕ ӕз фынгтӕ ӕрӕвӕрдтон, галтӕ ӕмӕ хӕрзхаст фос акусарт кодтон. Алцы дӕр цӕттӕ у, рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“.
Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.
Ды та чи дӕ, адӕймаг, ӕмӕ Хуыцауимӕ быцӕу кӕнай? Мигӕнӕн йе скӕнӕгӕн, мыййаг, зӕгъдзӕн: «Афтӕ мӕ цӕмӕн скодтай?»
Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Ӕмӕ цингӕнгӕйӕ арфӕ кӕнут Фыдӕн — Уый уын Йӕ сыгъдӕджыты бынтӕй хай райсын саккаг кодта Йӕ рухс Паддзахады.
Дзуапп сын радта: «Хорз хабаримӕ. Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Йессейы йӕ фырттимӕ ссыгъдӕг кодта Самуел ӕмӕ сӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕсидти.
Уыцы бон Саул ницы сдзырдта. Афтӕ ӕнхъӕл уыд: «Уый ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Давид сыгъдӕг нӕу».