Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 1:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕм дӕр Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, Баалӕй сӕм цыдӕриддӕр баззад, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн, суанг йӕ дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ йӕ сауджынты нӕмттӕ дӕр:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 1:4
14 Iomraidhean Croise  

Йерусалим абардзынӕн, Самари цы ӕмвӕзбарӕн синагӕй барст ӕрцыд ӕмӕ Ахавы галуан цы уырдыгбарӕнӕй барст ӕрцыд, уыдонӕй. Къус куыд ныссӕрфынц ӕмӕ йӕ фӕдӕлгом кӕнынц, афтӕ Ӕз дӕр равдӕлон кӕндзынӕн ӕмӕ сфӕлдахдзынӕн Йерусалимы сахар.


Иудейаг паддзӕхтӕ Ахазы галуаны уӕлхӕдзар цы нывондхӕссӕнтӕ скодтой, Менассиа та — Дунедарӕджы Кувӕндоны дыууӕ кӕрты, уыдон дӕр ныппырх кӕнын кодта ӕмӕ сын сӕ бырон Кедроны тӕрфы ныккалын кодта.


Иосиа ныппырх кӕнын кодта Баалты нывондхӕссӕнтӕ, стӕй, цы будсудзӕнтӕ сыл уыди, уыдон дӕр. Уый акалдта Ашерӕйы цӕджындзтӕ, нывӕфтыд ӕмӕ джиппыуагъд гуымирытӕ. Иууылдӕр сӕ ныззыгуым кодта ӕмӕ сӕ, кӕддӕр сын нывӕндтӕ чи хаста, уыдоны ингӕнтыл ныххӕлиу кодта.


Баивӕзтай Дӕ къух — зӕхх аныхъуырдта знаджы.


«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!


Сӕ хӕдзӕрттӕ, сӕ быдыртӕ ӕмӕ сӕ устытӕ ӕцӕгӕлӕтты хай бауыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххы цӕрджыты ныхмӕ Мӕ къух сисдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


уый тыххӕй уӕм Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн ӕмӕ уӕ адӕмтӕн бастигъын кӕндзынӕн. Фесафдзынӕн уӕ адӕмтӕ ӕмӕ бӕстӕты ’хсӕнӕй, ныддӕрӕн уӕ кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“.


Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн сӕ ныхмӕ ӕмӕ, кӕмдӕриддӕр цӕрынц, уымыты Ӕз ацы зӕхх федзӕрӕг кӕндзынӕн, хуссары ӕдзӕрӕг быдырӕй суанг Ривлайы онг. Ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Дӕ гуымирытӕ ӕмӕ дӕ табуйаг дуртӕ дын фесафдзынӕн; дӕхи къухӕй кӕй аразыс, уыдӕттӕм нал кувдзынӕ.


Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.


Дунедарӕг цӕгатмӕ Йӕ къух сисдзӕн ӕмӕ Ассирийы фесафдзӕн, Ниневийы сахар дурты кӕри, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan