2 Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн ӕппӕт дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, —
ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕлдыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр уӕларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».
Арамы ӕфсад стыр нӕ уыди, фӕлӕ сын Дунедарӕг бирӕ тыхджындӕр ӕфсад сӕ къухмӕ радта, уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл. Афтӕмӕй арамейӕгтӕ стӕрхон кодтой Иоасӕн.
Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Йеремиайы уылты цы загъта, уый. Зӕхх дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы уыди гӕныстон, афтид, цалынмӕ, Израил цы сабаты азтӕ нӕ бӕрӕг кодта, уыдон нӕ баххӕст сты, уӕдмӕ.
Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.
Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».
Иудейы паддзах Иоакимӕн та зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: ды ацы чиныг басыгътай ӕмӕ загътай: ‚Дзӕгъӕлы ныффыстай, Вавилоны паддзах ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн, ацы зӕхх сафтид кӕндзӕн ӕмӕ адӕмӕй, цӕрӕгойӕ се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзӕн!‘
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»
Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!
Уыцы зӕхх та йӕ цӕрджыты азымы тыххӕй, сӕ хъуыддӕгты аххосӕй, ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕни.