14 Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!
Богъ-богъ кӕнынц Хешбон ӕмӕ Елалейы цӕрджытӕ, сӕ хъӕрахст суанг Йахацы сахары онг хъуысы. Моавы хӕстонтӕн дӕр сӕ ныфс асаст ӕмӕ ӕрдиаг кӕнынц.
Йерусалимы цӕрджытӕ хъӕр кӕнынц уынгты, фидыды минӕвӕрттӕ сӕхи кӕуынӕй марынц.
Сахарӕй хъуысы тохуынӕр, Кувӕндонӕй — фӕдисхъӕр! Уый Дунедарӕг Йӕ фыдгултыл бафтыдта Йӕ фыдӕх.
зӕххыл сӕ цӕст ахӕсдзысты, алы ран дӕр — бӕллӕх ӕмӕ саудалынг, ӕмӕ саудалынджы хай бауыдзысты. Фӕлӕ ныр саудалынг кӕм ӕртыхст, уым ӕдзух афтӕ нӕ уыдзӕни.
Хъуысы фыййӕуты кӕуын, дзыназынц рӕгъауы фӕтӕгтӕ: Дунедарӕг сын бабын кодта сӕ сӕрвӕттӕ!
О, додой! Ахӕм ӕвирхъау бон никуыма ӕрцыд! Йаковӕн йӕ фыдбылызы рӕстӕг ӕрхӕццӕ кӕны, фӕлӕ фервӕздзӕн.
Фӕлӕ цы уынын Ӕз? Фыр тӕссӕй лидзӕг фесты, сӕ гуыппырсарты сын ныццагътой. Фӕстӕмӕ нӕ кӕсгӕйӕ, лидзынц, алырдыгӕй — ӕвирхъау тас, — зӕгъы Дунедарӕг.
Йӕ сахартӕ йын бацахсдзысты, йӕ фидӕрттӕ йын басӕтдзысты. Уыцы бон моаваг гуыппырсартӕ фыр тӕссӕй арӕг устытау нырриздзысты.
Израилы адӕмӕн зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Ӕз кӕрон скӕндзынӕн уыцы ӕмбисондӕн, ӕмӕ йӕ ничиуал дзурдзӕн Израилы адӕмӕй“. Ноджы сын зӕгъ: „Алы цӕстылуайӕнӕн дӕр йӕ сӕххӕсты афон ӕрхӕстӕг.
Ӕрӕввахс ис сау бон! Хуыцауы тӕрхоны бон, сау бон ӕрӕввахс, адӕмтӕн сӕ азары бон ӕрхӕццӕ кӕны!
Ӕрцыди афон, ралӕууыди бон! Ӕлхӕнгӕ чи бакодта, уыдон цин ма кӕнӕнт, уӕй чи акодта, уыдон та ма кӕуӕнт, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ азары хай бауыдзысты.
Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.
О, уыцы бон! Ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, Ӕппӕтхъомысы гӕныстонау ӕрцӕудзӕн.
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Дунедарӕгӕн Йе ’фсады раз райхъуысдзӕни Йӕ хъӕлӕс. Ӕнӕнымӕц, тыхджын сты Йӕ фӕндон ӕххӕстгӕнджытӕ, хъусынц Ын Йӕ ныхасмӕ. Ӕвирхъау ӕмӕ тынг тӕссаг у Дунедарӕджы бон! Чи бафӕраздзӕн?
Хур баталынг уыдзӕн, мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн Дунедарӕджы стыр ӕмӕ ӕвирхъау Боны размӕ.
Ӕрӕмбырд сты ӕнӕнымӕц адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Бон ӕрбаввахс ис Тӕрхоны дӕлвӕзы.
Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй, арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты. Фӕлӕ Дунедарӕг хъахъхъӕндзӕн Йӕ адӕмы, израилӕгтӕн суыдзӕн сӕ фидар.
Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур.
Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.
Мӕнӕ уӕм ӕз Дунедарӕджы стыр ӕмӕ тӕссаг боны размӕ арвитдзынӕн пехуымпар Илийайы.
Хур баталынг уыдзӕн ӕмӕ мӕй туджы хуызӕн суыдзӕн — Бардарӕджы стыр ӕмӕ кадджын Боны размӕ.
Ӕвӕлмас кӕй стут, уый зындгонд уӕд ӕппӕт адӕмӕн дӕр. Бардарӕг хӕстӕг у.
Уымӕн ӕмӕ уӕларвон бардзырд ӕмӕ архангелы хъӕлӕс куыддӕр райхъуысой, Хуыцауы сыкъауадындз куыддӕр ныууаса, афтӕ Бардарӕг Йӕхӕдӕг ӕрцӕудзӕн уӕларвӕй, ӕмӕ райгас уыдзысты, Чырыстийыл ӕууӕндгӕйӕ чи амард, уыдон.
Уӕды заманы Йӕ хъӕлӕсӕй нынкъуыста зӕхх ӕмӕ та ныр дӕр дзырд радта: «Ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн канд зӕхх нӕ, фӕлӕ арв дӕр».
Кӕрӕдзийӕ хъаст ма кӕнут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.