Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 1:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Сӕ исбон хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, сӕ хӕдзӕрттӕ заууатмӕ ӕрцӕудзысты. Сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ нӕ цӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 1:13
24 Iomraidhean Croise  

Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.


Дӕ мулк ӕмӕ дӕ хӕзнатӕ дын Ӕз абырджытӕн бастигъын кӕндзынӕн, дӕ алы зӕххы хайыл дӕр кӕй фӕкодтай, уыцы ’ппӕт тӕригъӕдты тыххӕй.


Дӕ хӕхтӕ, дӕ исбон, дӕ хӕзнатӕ ӕмӕ дӕ уаз къуыппытӕ дын Ӕз иууылдӕр хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ алы зӕххы хайыл дӕр тӕригъӕдтӕ фӕкодтай.


Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!»


Нӕ исбон не знӕгтӕм куы ’рхауди, нӕ хӕдзӕрттӕ — ӕцӕгӕлӕттӕм!


Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Се ’взист ракалдзысты уынгтӕм, сӕ сыгъзӕрин дӕр сӕ нал ӕндавдзӕн. Уыдон сӕ Дунедарӕджы азары бон нӕ фервӕзын кӕндзысты. Уыдон сӕ нӕ бафсаддзысты ӕмӕ сын сӕ гуыбынтӕ нӕ байдзаг кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин систы ӕфсон фыдракӕндтӕ аразынӕн.


Ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ байсын кӕндзынӕн, а зӕххы ӕнаккӕгтӕн сӕ ратдзынӕн ӕфтиагӕн, ӕмӕ сӕ уыдон фӕчъизи кӕндзысты.


Ӕз ӕрбакӕндзынӕн адӕмты фыддӕрты, ӕмӕ сын уыдон сӕ хӕдзӕрттӕ байсдзысты. Уӕд тыхджынты хъалдзинадӕн кӕрон скӕндзынӕн, ӕмӕ сӕ уаз бынӕттӕ фӕчъизи уыдзысты.


Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.


Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.


Таугӕ цы бакӕнай, уый не ’ркӕрддзынӕ; сойы гагатӕ балӕмардзынӕ, фӕлӕ дӕхи сойӕ нӕ байсӕрддзынӕ, сӕнӕфсиртӕ бассӕнддзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ.


Уыцы бон муртаттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ къӕсӕрыл андзӕвын дӕр чи нӕ уӕнды ӕмӕ йӕ сӕрты чи гӕпп кӕны, Дунедарӕджы хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи байдзаг кодта, уыдон иууылдӕр бавзардзысты Мӕ азар.


Сылгоймагимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ дӕ усаг ӕндӕры бауыдзӕн. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕндӕр чидӕр ӕрцӕрдзӕн. Сӕндон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг не ’рӕмбырд кӕндзынӕ.


Сӕндӕттӕ скӕндзыстут ӕмӕ сӕм зилдзыстут, фӕлӕ нӕдӕр сӕн фендзыстут, нӕдӕр дзы уӕ рӕбыны ӕрӕвӕрдзыстут — зулчъытӕ сӕ бахӕрдзысты.


Уӕ фос ӕмӕ уын уӕ зӕххы тыллӕг аныхъуырдзысты, ӕмӕ бацарӕфтыд уыдзыстут. Хоры гага, сӕны цъыртт ӕмӕ уын оливӕйы сойы ӕртах нал ныууадздзысты, уе стуртӕ ӕмӕ фысвосӕй уӕ ӕнӕхай фӕкӕндзысты, ӕмӕ фесӕфдзыстут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan