Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Софониа 1:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Софониа 1:1
12 Iomraidhean Croise  

Йӕ фыдӕлтимӕ куы баиу, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны дыргъдоны, уый кӕддӕр Уззайы дыргъдон уыди. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон.


Йӕ мард ын бавӕрдтой йӕхи зӕппадзы, Уззайы дыргъдоны. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Иосиа.


Менассиа куы амарди, уӕд ӕй бавӕрдтой йӕ галуаны кӕрты. Йӕ фӕстӕ паддзах сси йӕ фырт Амон.


Дунедарӕг Йеремиайӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта, Иудейы паддзах, Амоны фырт Иосиа, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уыцы заман.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Иудейы паддзах Шаллумы, йӕ фыд Иосиайы фӕстӕ хицау чи сси ӕмӕ ардыгӕй чи ацыд, уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уый ардӕм нал раздӕхдзӕн.


Дунедарӕг ӕртӕ ӕмӕ ссӕдз азы дӕргъы ныхас кӕны мемӕ, иудейаг паддзах Иосиа, Амоны фырт, ӕртындӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕдӕй абонмӕ. Ӕмӕ ӕз ӕрвылбон уемӕ дзырдтон, фӕлӕ нӕ хъуыстат.


халдейаг зӕххыл, Кевары доны был, Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта сауджын Езекиелӕн, Бузийы фыртӕн. Уыцы ран ыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд.


Дунедарӕг фехъусын кодта Йӕ ныхас Беерийы фырт Осиайӕн. Уый уыди Иудейы паддзӕхтӕ Озиа, Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заманты, стӕй Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман.


Ӕппӕт Сыгъдӕг Фыст Хуыцауӕй разӕнгардӕй ныффыстӕуыд, ӕмӕ ахъаз у ахуырӕн, багӕды кӕнынӕн, раст фӕндагмӕ раздахынӕн, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл хъомыл кӕнынӕн,


Пехуымпар ныхас раст кӕй у, уый нын афтӕмӕй раргом ноджы тынгдӕр. Ӕмӕ, цалынмӕ бон фӕцъӕх уа ӕмӕ сӕууон стъалы уӕ зӕрдӕты ссудза, уӕдмӕ уыцы пехуымпар ныхасмӕ, талынджы рухстауӕг цырагъмӕ здахӕгау, уе ’ргом кӕй здахут, уымӕй раст кӕнут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan