Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 8:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Адӕймаджы ӕрдзыхъӕд ӕй кӕй слӕмӕгъ кодта, уый аххосӕй Ӕгъдауӕн цы нӕ бантыст, уый сарӕзта Хуыцау — буарыдзыдӕй рарвыста Йӕ Фырты, ӕмӕ, адӕймаджы тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды хуызӕн чи уыди, Фырты уыцы ӕрдзыхъӕд хаст ӕрцыди тӕригъӕды нывондӕн. Афтӕмӕй Хуыцау тӕрхон рахаста, адӕймаджы ӕрдзыхъӕды цы тӕригъӕд цӕры, уымӕн,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 8:3
28 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ сарӕзта Моисей ӕрхуы калм ӕмӕ йӕ хъилыл бакодта, ӕмӕ-иу калмдзӕф адӕймаг ӕрхуы калммӕ куы бакасти, уӕд-иу удӕгасӕй баззад.


Ӕмӕ ма иу цӕу та — тӕригъӕды нывондӕн, уӕ тӕригъӕдтӕ ссыгъдӕг кӕныны охыл.


Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс.


Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ царди не ’хсӕн, хорзӕх ӕмӕ ӕцӕгадӕй ӕххӕстӕй. Ӕмӕ Йын мах федтам Йӕ кад — Фыдӕй иунӕг Фыртӕн цы кад ис, уый.


Ӕмӕ та уӕд дыккаг хатт фӕдзырдтой раздӕры куырммӕ ӕмӕ дзы домдтой: «Раст зӕгъ Хуыцауы раз. Мах зонӕм, уыцы Адӕймаг тӕригъӕдджын кӕй у, уый».


Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йесойы фӕрцы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр.


Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау ӕххӕст кӕнынӕй Хуыцауы раз ничи сраст уыдзӕн. Ӕгъдауы руаджы, тӕригъӕд цы у, ӕрмӕст уый базонӕм.


Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.


Ӕз зонын: мӕ мидӕг, ома мӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды, хорзӕй ницы ис. Хорздзинад кӕнын мӕ фӕнды, фӕлӕ мын нӕ уайы.


Йӕ Фырты Чи нӕ бавгъау кодта, фӕлӕ Йӕ не ’ппӕты сӕрвӕлтау нывондӕн Чи ӕрхаста, Уый нын Йемӕ ӕппӕт дӕр нӕ ратдзӕн, ӕви?


Фӕлтау ӕлгъыст куы баййафин ӕмӕ, мӕ туг, ме стӕг чи у, мӕ уыцы ӕфсымӕрты сӕраппонд Чырыстийӕ куы фӕхицӕн уаин.


Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Уӕдӕ Ӕгъдау Хуыцауы зӕрдӕвӕрды ныхмӕ у? Ницы хуызы! Уымӕн ӕмӕ, мыггагмӕйы цард чи дӕтты, ахӕм ӕгъдау куы ӕрцыдаид лӕвӕрд, уӕд адӕймаджы ӕцӕгдӕр уый раст кодтаид.


фӕлӕ барвӕндонӕй ӕрныллӕнг кодта Йӕхи, адӕймаджы фӕлгонц райста ӕмӕ уыди адӕймаджы ӕнгӕс.


Йесо та, тӕригъӕдты тыххӕй иунӕг нывонд ӕрхӕсгӕйӕ, «Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти» мыггагмӕ


Уымӕн ӕмӕ, кӕй ссыгъдӕг кодта, уыдоны иу нывондӕй мыггагмӕ алцӕмӕй дӕр скодта ӕнаипп.


Ӕмӕ, хъӕбултӕ буар ӕмӕ тугӕй конд кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ Чырысти дӕр сси уыдоны халдих, цӕмӕй Йӕ мӕлӕты фӕрцы мӕлӕты ӕлдары — хӕйрӕджы — ӕнӕхай фӕкӕна йӕ хъаруйӕ


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan