Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 8:1
32 Iomraidhean Croise  

Дӕ ныхмӕ рацӕуыны охыл хӕцӕнгарз саразын дӕр никӕмӕнуал бантысдзӕн. Суанг тӕрхоны мидӕг дӕр дӕ зылынгӕнӕгӕн дӕхӕдӕг йӕхи базылын кӕндзынӕ. Ахӕм хъысмӕт саккаг кодтон Ӕз Мӕ лӕггадгӕнӕг адӕмӕн — Мӕхӕдӕг дзурдзынӕн сӕ сӕрыл ӕмӕ сӕ сраст кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ чи нымайы, уый рӕстгӕнӕг у ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уыцы бон базондзыстут, Ӕз Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, сымах Мемӕ иу кӕй стут ӕмӕ Ӕз уемӕ иу кӕй дӕн, уый.


Ут Мемӕ, ӕмӕ уӕд Ӕз дӕр уыдзынӕн уемӕ. Сӕнӕфсиры талайыл къалиу куынӕ уа, уӕд ыл сӕнӕфсир нӕ зайдзӕн. Афтӕ сымах дӕр пайда не ’рхӕсдзыстут, Мемӕ куынӕ уат, уӕд.


Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ ныхас Мын чи хъусы ӕмӕ, Мӕн Чи рарвыста, Ууыл чи ӕууӕнды, уымӕн ис мыггагмӕйы цард ӕмӕ тӕрхонгонд нӕ уыдзӕни — ныридӕгӕн мӕлӕтӕй бахызти цардмӕ.


Саламтӕ — Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн — мемӕ Йесо Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕн.


Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.


Мах сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесо Чырысти бафидауын кодта Хуыцауимӕ.


Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ иу адӕймаджы тӕригъӕдӕн абарӕн нӕй: иунӕг фыдракӕнд — ӕмӕ карз тӕрхон, бирӕ фыдракӕндтӕ — ӕмӕ бынтондӕр сраст уӕвыны хорзӕх.


Фӕлӕ, ӕцӕгдзинадӕй, уый ӕз нӕ, фӕлӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый архайы.


Ӕмӕ кӕд, цы мӕ нӕ фӕнды, уый кӕнын, уӕд ӕй ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ йӕ, мӕ мидӕг цы тӕригъӕд цӕры, уый кӕны.


Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.


Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы Уды коммӕ чи кӕсы, уыдон иууылдӕр Хуыцауы хъӕбултӕ сты.


Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.


Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.


нӕдӕр уӕлӕрвтӕ, нӕдӕр дӕлзӕхх, — сфӕлдыст дунейы ахӕмӕй ницы разындзӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы Хуыцау махӕн цы уарзт равдыста, уымӕй нӕ ӕнӕхай фӕкӕнын чи бафӕраза!


цӕмӕй, Ӕгъдау цы рӕстдзинад домы, уый сӕххӕст уа нӕ царды ӕмӕ мах цӕрӕм тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды коммӕ кӕсгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Сыгъдӕг Уды коммӕ кӕсгӕйӕ.


Сымах та уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн коммӕгӕс не стут, фӕлӕ — Удӕн, кӕд Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты цӕры, уӕд. Чырыстийы Уд кӕмӕ нӕй, уый та Чырыстийы нӕу.


Хуыцау уӕ баиу кодта Йесо Чырыстиимӕ — Уый махӕн фестад Хуыцауӕй лӕвӕрд зонд, Уый нӕ ссӕрибар, сраст ӕмӕ ссыгъдӕг кодта,


Адамимӕ иууылдӕр куыд мӕлынц, афтӕ иууылдӕр райгас уыдзысты Чырыстиимӕ,


Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.


Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Уырнындзинады руаджы, Йесо Чырыстиимӕ иугондӕй, уе ’ппӕт дӕр Хуыцауы хъӕбултӕ стут.


Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.


Зӕгъын уын, цӕрут Удӕн коммӕгӕсӕй ӕмӕ уӕд уӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды мондӕгты фӕдыл нӕ цӕудзыстут.


Кӕд Уд махӕн царддӕттӕг у, уӕд Уымӕн коммӕгӕсӕй хъуамӕ цӕрӕм.


Павелӕй, Хуыцауы фӕндӕй Йесо Чырыстийы апостолӕй — Йесо Чырыстийыл иузӕрдион чи у, Эфесы уыцы сыгъдӕджытӕм.


ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan