Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 7:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Сымах дӕр афтӕ, ме ’фсымӕртӕ: Чырыстийы мӕлӕты фӕрцы амардыстут Ӕгъдауӕн, цӕмӕй уат Ӕндӕры — мӕрдтӕй Чи райгас, Уый адӕм ӕмӕ кусат Хуыцауӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 7:4
35 Iomraidhean Croise  

Уымӕн ӕмӕ Сфӕлдисӕг — дӕ Сӕрыхицау, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг. Дӕ Ирвӕзынгӕнӕг у Израилы Стыр Хуыцау, ӕгас зӕххы Хуыцау — афтӕ Йӕ хонынц.


Лӕппу чызгимӕ куыд баиу вӕййы, афтӕ баиу уыдзӕни демӕ дӕ Саразӕг, усгур йӕ усагыл куыд бацин кӕны, афтӕ дыл бацин кӕндзӕни дӕ Хуыцау.


Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».


Бӕзнаг мӕрыл цы нӕмгуытӕ байтыдӕуыд, уыдон та сты, ныхас чи фехъусы, йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, ахӕм адӕймӕгтӕ: сӕ иу пайда ратты дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — фондзыссӕдз хатты фылдӕр».


Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куы уат ӕмӕ бирӕ пайда куы ӕрхӕссат, уӕд уымӕй раргом уыдзӕн Мӕ Фыды кад.


Усаг кӕмӕн ис, уый сиахсаг у. Сиахсаджы хӕлар та лӕууы йӕ фарсмӕ, хъусы йын йӕ райгӕ хъӕлӕсмӕ ӕмӕ йын цин кӕны йӕ циныл. Гъе ахӕм цин ныр ӕрцыди мӕнмӕ дӕр.


Ӕз дӕн царддӕттӕг дзул — уӕларвӕй ӕрцӕуӕг. Чи йӕ хӕра, уый цӕрдзӕни мыггагмӕ. Ӕз уын цы дзул ратдзынӕн, уый у, дунейы царды сӕраппонд нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзынӕн, Мӕ уыцы Буар».


Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.


Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.


Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?


Фӕлӕ тӕригъӕдӕй суӕгъд стут ӕмӕ систут Хуыцауы цагъартӕ; ныртӕккӕ уӕ хӕрзиуӕг у сыгъдӕг цард, ӕппынфӕстаг та райсдзыстут мыггагмӕйы цард.


Йӕ мой удӕгас куы уа, афтӕмӕй ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд ыл хӕтаджы ном сбады. Йӕ мой куы амӕла, уӕд ӕгъдауӕй сӕрибар у ӕмӕ, ӕндӕр мой куы скӕна, уӕд хӕтагыл нымад нӕу.


Ныр та, кӕй уацары уыдыстӕм, ӕппӕт уыдӕттӕн амардыстӕм ӕмӕ афтӕмӕй ссӕрибар стӕм Ӕгъдауӕй, цӕмӕй Хуыцауӕн кӕддӕрау, Ӕгъдауы фыстмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ ног хуызы, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй, лӕггад кӕнӕм.


Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.


Цы арфӕйы кӕхцы тыххӕй арфӕ кӕнӕм, уый мах Чырыстийы Тугимӕ нӕ иу кӕны, ӕви? Ӕмӕ цы дзул асӕттӕм, уый мах Чырыстийы Буаримӕ нӕ иу кӕны, ӕви?


Ӕз уыл ӕнувыд дӕн; Хуыцауы куыд нӕ фӕнды, афтӕ мӕн дӕр нӕ фӕнды, ӕмӕ ма уыл ӕндӕр искӕй бар дӕр цӕуа. Ӕз сымах иунӕг Лӕгӕн — Чырыстийӕн — ӕрцӕттӕ кодтон ӕмкъайӕн, цӕмӕй уӕ ӕнӕкъӕм чызгӕй ӕрлӕууын кӕнон Йӕ разы.


Чырысти мах фервӕзын кодта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы ӕлгъыст баййӕфтам, уымӕй — нӕ сӕрвӕлтау уыцы ӕлгъыст ӕруагъта Йӕхиуыл, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Хъӕдыл ауыгъд чидӕриддӕр ӕрцыди, уый ӕлгъыст у».


Фӕлӕ кӕд сымах Уды коммӕ кӕсут, уӕд Ӕгъдауы дӕлбар не стут.


аивта Ӕгъдау йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтимӕ, цӕмӕй Йемӕ баиуы фӕрцы дыууӕ адӕмӕй сараза иу ног адӕм


Йесо Чырыстийы фӕрцы алцӕмӕй дӕр разындзыстут рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кад ӕмӕ намысӕн.


Ӕз уын уый хуынтӕ уӕ бацагурыны тыххӕй нӕ дзурын. Мӕн фӕнды, цӕмӕй уӕ хорз хъуыддӕгтӕй уӕхицӕн фылдӕр ӕфтиаг уа.


Мах кувӕм, цӕмӕй уӕ цардӕй кад кӕнат Бардарӕгӕн ӕмӕ алцы дӕр, Уымӕн ӕхцон куыд уа, афтӕ кӕныныл архайат, уӕ алы хорз хъуыддаг дӕр пайда куыд хӕсса ӕмӕ Хуыцауы фылдӕрӕй-фылдӕр куыд зонат,


Ныр та уӕ бафидауын кодта Йемӕ, Чырысти адӕймаджы буары кӕй амард, уый фӕрцы, цӕмӕй Хуыцауы раз уат сыгъдӕг, ӕнаипп ӕмӕ ӕнӕфау.


Уыцы Уац ӕрхӕццӕ ис сымахмӕ, ӕмӕ, ӕппӕт дунейы куыд ӕнтыстджын у ӕмӕ парахат кӕны, афтӕ йын ӕнтысы сымахмӕ дӕр, Хуыцауы хорзӕх ӕцӕгӕйдӕр цавӕр у, ахӕмӕй йӕ куы фехъуыстат ӕмӕ куы базыдтат, уӕдӕй фӕстӕмӕ.


аивта, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ чи уыди, нӕ хӕсты уыцы номхыгъд, скодта йын кӕрон — байтыгъта йӕ дзуарыл.


Кӕд сымах Чырыстиимӕ амардыстут ӕмӕ а дунейы ӕгъдӕуттӕй ссӕрибар стут, уӕд ма, цыма дунейы цӕрут, уыйау цӕмӕн кӕсут уыдоны коммӕ:


Йесо Чырысти сӕххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, ӕмӕ Йын Йӕ буар нывондӕн кӕй ӕрхастӕуыд, уый фӕрцы мах ссыгъдӕг стӕм мыггагмӕ.


Уый нын нӕ тӕригъӕдтӕ Йӕ буаримӕ систа дзуармӕ, цӕмӕй амӕлӕм тӕригъӕдӕн ӕмӕ цӕрӕм рӕстадӕн. Сымах Йӕ хъӕдгӕмттӕй сдзӕбӕх стут.


Уӕдӕ цин кӕнӕм, фыр цинӕй райӕм ӕмӕ Йын кад кӕнӕм. Уымӕн ӕмӕ ӕрцыди Уӕрыччы чындзӕхсӕвы рӕстӕг, ӕмӕ Йӕ Усаг ӕрцӕттӕ кодта йӕхи:


Фӕстаг рынтӕй йедзаг авд кӕхцы цы авд зӕдмӕ уыди, уыдонӕй иу ӕрбацыди мӕнмӕ ӕмӕ мын загъта: «Рацу, ӕз дын равдисон Уӕрыччы Усаджы».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan