Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 5:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕмӕ нӕ цин ӕрмӕст ууыл нӕу, фӕлӕ нӕ тухӕнтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ зонӕм, тухӕнтӕ бавзаргӕйӕ кӕй свӕййӕм фӕразон,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 5:3
21 Iomraidhean Croise  

уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл, мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.


Уӕ фӕразондзинады фӕрцы-иу фервӕзын кӕнут уӕ удтӕ.


Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.


Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауимӕ кӕй стӕм, уымӕй нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы фӕрцы ӕппӕлӕм — Уый нӕ бафидауын кодта Хуыцауимӕ.


Стӕй ӕрмӕст дуне нӕ, фӕлӕ мах дӕр — Сыгъдӕг Удӕн Йӕ фыццаг дыргътӕй чи схайджын ис, уыдон, нӕхӕдӕг дӕр хъӕрзӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нӕ Йӕ хъӕбултау кӕд айсдзӕн ӕмӕ нӕ буар мӕлӕтӕй кӕд фервӕздзӕнис, уымӕ.


Зӕгъӕм ма ноджыдӕр: Ревеккӕйӕн иу афон райгуырди дыууӕ лӕппуйы — нӕ фыдӕл Исаакӕй.


Нӕ уӕлӕнгай хъизӕмӕрттӕ цыбыр рӕстӕгмӕ сты — уыдон махӕн ӕрхӕсдзысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, мыггагмӕйы ахӕм стыр кад.


Уымӕй уӕлдай ма йӕ аргъуантӕ равзӕрстой не ’мбӕлццонӕй дӕр, мах кӕй аразӕм, уыцы арфӕйаг хъуыддаджы. Уыцы куыст мах кӕнӕм Бардарӕджы кадӕн ӕмӕ йыл ӕнувыдӕй кӕй архайӕм, уый равдисынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн.


Уымӕн ӕмӕ сымахӕн хорзӕхӕн лӕвӕрд у Чырыстийыл ӕрмӕст ӕууӕндын нӕ, фӕлӕ Йӕ сӕраппонд хъизӕмар кӕнын дӕр.


Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.


Фӕлӕ кӕд Хуыцауӕн фӕндон хъуыддӕгты тыххӕй тухӕн ӕвзарут, уӕд тӕхудиаг стут; уе ’фхӕрджытӕ уӕ цӕмӕй тӕрсын кӕнынц, уымӕй та ма тӕрсут ӕмӕ ма тыхсут.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan