Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 4:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Кӕд Авраам йӕ хъуыддӕгты фӕрцы сраст ис, уӕд сӕ йӕ бон уыди сӕрыстыр уӕвын, фӕлӕ Хуыцауы раз — нӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 4:2
21 Iomraidhean Croise  

Уӕд фараон басидт Авраммӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый мын цы бакуыстай? Дӕ ус кӕй у, уый цӕмӕн басусӕг кодтай?


Фараон йӕ адӕмӕн бардзырд радта, ӕмӕ Аврамы арвыстой, йӕ ус ӕмӕ йӕм цыдӕриддӕр уыди, уыимӕ.


Дунедарӕг мын афтӕ зӕгъы: «Бацу ӕмӕ фен, ацы бынаты цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уый».


Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы мӕ бон раппӕлын у, Хуыцауы номыл цы уазлӕггад кӕнын, уымӕй.


ӕмӕ иу адӕймаг дӕр Хуыцауы раз йӕхицӕй ма раппӕла.


цӕмӕй ӕрцӕуа, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Дунедарӕгӕй».


Дӕу уӕлдӕр чи ӕвӕры? Цыдӕриддӕр дӕм ис, уый дын Хуыцауӕй лӕвӕрд нӕу, ӕви? Ӕмӕ дын кӕд Хуыцауӕй лӕвӕрд у, уӕд дӕхицӕй, цыма дӕхи у, афтӕ цы ӕппӕлыс?


Ӕз Фарны Уац адӕммӕ кӕй хӕссын, уымӕй мӕхицӕй нӕ раппӕлдзынӕн — уый мӕ хӕс у, ӕмӕ додой мӕ сӕр, Фарны Уац адӕммӕ куынӕ хӕссон, уӕд!


цӕмӕй ӕфсон агурджытӕн ӕфсон ма уа сӕхицӕй раппӕлынӕн, цыма не ’мсӕр сты, уыйау.


Кӕд мӕ уӕддӕр мӕхицӕй раппӕлын хъӕуы, уӕд ӕрмӕстдӕр — мӕ лӕмӕгъдзинад цӕй мидӕг ис, уымӕй.


Ногӕй та уын нӕхи нӕ амонӕм, фӕлӕ уын дӕттӕм, махӕй буц куыд уат, ахӕм фадат. Уӕд уӕ бон ныхкъуырд раттын уыдзӕни, зӕрдӕйы нӕ, фӕлӕ, ӕдде цы ис, уымӕй хъал чи у, уыдонӕн.


Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕды ахӕсты кӕй ис. Уӕдӕ, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуы уырнджытӕн.


Уӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ нӕ фервӕзтыстут, ӕмӕ йӕхицӕй мачи раппӕлӕд.


ӕмӕ баиу уон Йемӕ. Ӕз нал тырнын, Ӕгъдау ӕххӕст кӕныны руаджы мӕм цы рӕстад уыди, уый равдисынмӕ, фӕлӕ тырнын, Чырыстийыл ӕууӕндыны руаджы Хуыцау уырнджытӕн кӕй дӕтты, уыцы рӕстадмӕ.


Йешуа дзыллӕйӕн загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Рагзаманы уӕ фыдӕлтӕ — суанг Авраам ӕмӕ Нахоры фыд Терахы онг — цардысты доны фале ӕмӕ лӕггад кодтой ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan