Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 4:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Стӕй сунӕтгӕндтӕй дӕр сӕ фыдӕл сси, йӕ фӕдыл чи цыди ӕмӕ, нӕ фыдӕл Авраам йӕ сунӕты размӕ куыд ӕууӕндыди Хуыцауыл, афтӕ Йыл чи ӕууӕндыди, ӕрмӕст уыдонӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 4:12
14 Iomraidhean Croise  

— О мӕ хур! Фараоны бӕхуӕрдоны кӕй баифтындзынц, уыцы ефсимӕ дӕ абарин!


Уымӕ гӕсгӕ раст адӕмы фӕндӕгтыл цу, рӕстгӕнджыты цӕуӕнтыл фидар хӕц.


Хуыцау уӕ уый тыххӕй сӕвзӕрста. Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр хъизӕмар бавзӕрста сымах сӕраппонд ӕмӕ уын у фӕзминаг, цӕмӕй цӕуат Йӕ фӕдыл.


Ӕз ӕрхатыдтӕн Титмӕ сымахмӕ ацӕуыны тыххӕй, ӕмӕ ма йын ӕфсымӕртӕй иуы арвыстон йемӕ. Тит уӕ исты райста? Мах Титимӕ ӕмзӕрдӕ нӕ уыдыстӕм исты, иу фӕндагыл нӕ цыдыстӕм, мыййаг?


Нӕ фыдӕл Авраам у, зӕгъгӕ, ма дзурут уӕхинымӕр. Зӕгъын уын, Хуыцауӕн ацы дуртӕй дӕр Йӕ бон у Авраамӕн цот скӕнын.


Мӕ къӕхтыл мын сахсӕнтӕ бакодта, мӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр кӕсы.


Хъусӕй цы фехъуыстам, уый ныр нӕхи цӕстӕй уынӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, нӕ Хуыцауы сахары — ӕнустӕм ӕй ӕрфидар кодта Хуыцау.


«Адӕймаджы фырт! Израилы хӕлддзӕгты чи цӕры, уыдон дзурынц: „Авраам, иу лӕг уӕвгӕйӕ, ацы зӕхх исбонӕн райста, мах та бирӕ стӕм ӕмӕ ацы зӕхх махӕн лӕвӕрд у“.


Йӕ сунӕт ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ йӕ Хуыцау рӕстгӕнӕгыл сунӕты размӕ банымадта, уымӕн ӕмӕ Йыл Авраам ӕууӕндыди. Ӕмӕ сунӕтгонд чи нӕу, ӕппӕт уыцы уырнджытӕн Авраам сси сӕ фыдӕл, цӕмӕй уыдоны дӕр Хуыцау банымайа рӕстгӕнджытыл.


Дуне уыдоны хай кӕй бауыдзӕн, уымӕй Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн зӕрдӕ бавӕрдӕуыд Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ, Хуыцау Авраамы йӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рӕстгӕнӕгыл кӕй банымадта, уый тыххӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan