9 Фыддзинад чи аразы, алы уыцы адӕймаджы бакӕндзӕн удхар ӕмӕ хъизӕмары хай: раздӕр иудейаджы, стӕй та — муртаттаджы.
уӕд-иу ын уӕларвӕй йӕ ардбахӕрд фехъус ӕмӕ-иу аххосджынӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ стӕрхон кӕн, ӕназымы та-иу сраст кӕн, йӕ рӕстдзинад-иу ын сбӕлвырд кӕн.
Дунедарӕг фехалы адӕмты уынаффӕтӕ, сӕ фӕндтӕ сын ӕрбайсафы.
Рӕстудты бӕллицтӕ фарн хӕссынц, ӕнӕхуыцӕуттӕн сӕ зӕрдӕдарӕн маст расайдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ алкӕй уд дӕр Мӕ къухы ис: фыды уд дӕр ӕмӕ фырты уд дӕр. Тӕригъӕд чи ракӕна, мӕлгӕ дӕр уый акӕндзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
ӕгас зӕххыл цы адӕмтӕ ис, уыдоны ’хсӕн сымах равзӕрстон. Уымӕ гӕсгӕ уын уӕ тӕригъӕдтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн.
Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?
Ӕмӕ, Йерусалимӕй райдайгӕйӕ, ӕппӕт адӕмтӕм фӕсидын хъӕуы Йӕ номӕй, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ сын барст ӕрцӕуой.
Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕгтӕн дӕр радта тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны фадат, цӕмӕй мыггагмӕйы цард райсой».
Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у.
Иудейӕгтӕм дӕр ӕмӕ муртаттӕгтӕм дӕр сидтӕн Хуыцауы раз сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойыл ӕууӕндынмӕ.
Фыццаг амыдтон Дамаскы цӕрджытӕн, уый фӕстӕ Йерусалимы цӕрджытӕн, стӕй ӕппӕт иудейаг бӕстӕйы ӕмӕ муртаттӕгтӕн, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной сӕ тӕригъӕдтыл, раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ, кӕй ӕрфӕсмон кодтой, уый ӕвдисой хорз хъуыддӕгтӕй.
Ӕртӕ боны фӕстӕ Павел ӕрхуыдта дзырддзӕугӕ иудейӕгты. Куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сын загъта: «Ӕфсымӕртӕ, нӕ адӕмы ныхмӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты ныхмӕ ӕвзӕрӕй ницы сарӕзтон, фӕлӕ мӕ Йерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ радтой ромӕгты къухмӕ.
Уӕдӕ йӕ зонут: Хуыцау адӕймаджы кӕй ирвӕзын кӕны, уыцы уац муртаттӕгтӕн ӕрвыст у; хъусгӕ дӕр ӕй уыдон фӕкӕндзысты».
Хуыцау Йӕ Фырты мӕрдтӕй куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста, цӕмӕй уын Уый арфӕ ракӕна ӕмӕ уӕ алчидӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадза».
Фарны Уацы тыххӕй ӕз къӕмдзӕстыг нӕ дӕн. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр уал иудейагӕн, уый фӕстӕ та муртаттагӕн, ирвӕзын ӕй чи кӕны, Хуыцауы уыцы тых у.
Ам иудейаг ӕмӕ муртаттаг сӕ кӕрӕдзийӕ ницӕмӕй хицӕн кӕнынц — дыууӕтӕн дӕр иу Бардарӕг ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн.
Хорздзинад чи кӕны, уыдонӕй та алкӕмӕ дӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсынц кад, намыс ӕмӕ фарн: раздӕр — иудейагмӕ, стӕй та — муртаттагмӕ.
Чырыстийы уарзтӕй мах ӕнӕхай чи фӕкӕндзӕн? Хъыг ӕви зынтӕ, ӕфхӕрд ӕви стонг, мӕгуырдзинад, тас ӕви кард?
Уыцы адӕм мах стӕм — ӕрхуыдта нӕ канд иудейӕгтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕгтӕй дӕр,
Ныр нал ис нӕдӕр иудейаг, нӕдӕр муртаттаг, нӕдӕр цагъар, нӕдӕр сӕрибар, нӕдӕр нӕлгоймаг, нӕдӕр сылгоймаг, уымӕн ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр баиу стут Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Ныр муртаттаг уай, иудейаг уай, сунӕтгонд уай, ӕнӕсунӕтгонд уай, талынг адӕмтӕй уай, скиф уай, цагъар уай, сӕрибар уай — уӕлдай нал у. Ӕппӕт дӕр у Чырысти, алкӕй зӕрдӕйы дӕр Уый цӕры.
Хуыцау у рӕстаг, ӕмӕ фыдбылызтӕ кӕй аххосӕй ӕвзарут, уыдоныл ӕруадздзӕнис бӕллӕхтӕ.
Уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Тӕрхоны рӕстӕг. Ӕмӕ райдайдзӕн Хуыцауы хӕдзарӕй. Уӕдӕ кӕд тӕрхон махӕй райдайдзӕн, уӕд Хуыцауы Фарны Уацӕн чи нӕ сӕтты, уыдонӕн та сӕ кӕрон цавӕр уыдзӕн?