Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 2:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Мах та зонӕм, афтӕ чи кӕны, уыдонӕн Хуыцау стӕрхон кӕндзӕн ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 2:2
27 Iomraidhean Croise  

Уый ма ’рцӕуӕд, ӕмӕ Ды афтӕ бакӕнай, ӕнаххос фыдгӕнӕджы хал ахӕра! Уый ма ’рцӕуӕд! Ӕппӕт зӕххӕн Тӕрхонгӕнӕг куыннӕ хъуамӕ рахӕсса раст тӕрхон?»


Хуыцау адӕймагмӕ бӕлвырд рӕстӕджы тӕрхонмӕ нӕ сиды.


Ме знӕгтӕ лидзӕг фесты, ӕрхаудысты, бабын сты Дӕ разы.


Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау!


Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.


Уӕ кӕрӕдзийы афӕрсут, баныхас кӕнут ӕмӕ Мын зӕгъут, абон цытӕ цӕуы, уый тыххӕй незаманты рагацау чи загъта, Уый Ӕз — Дунедарӕг — нӕ уыдтӕн, ӕви? Мӕн йеддӕмӕ ничи у Хуыцау — рӕстӕвзар ӕмӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау.


О Дунедарӕг, Ды дӕ раст Хуыцау, ӕмӕ Дӕумӕ хӕссын мӕ хъаст! Ӕз Демӕ дзурдзынӕн рӕстдзинадыл! Ӕнӕхуыцӕуттӕ ӕнтыстджын цӕмӕн сты, мӕнгардтӕ — амондджын?


Сымах зӕгъут, Дунедарӕджы тӕрхон раст нӕу, зӕгъгӕ. Байхъусут-ма, Израилы адӕм! Ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!


Израилы адӕм та афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг раст тӕрхон нӕ кӕны, зӕгъгӕ. Израилы адӕм, ау, Ӕз ӕнӕраст тӕрхон кӕнын? Ӕнӕраст тӕрхон сымах кӕнут!


Дунедарӕг сахары у рӕстгӕнӕг, галиу хъуыддагӕй ницы аразы. Ӕрвылрайсом, куыддӕр хур скӕсы, афтӕ раргом кӕны Йӕ тӕрхон, фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны.


Уымӕн ӕмӕ снысан кодта, Кӕй сӕвзӕрста, уыцы Адӕймаджы фӕрцы „дунейӕн ӕнӕхӕрам тӕрхон рахӕссыны бон“. Афтӕ кӕй уыдзӕн, уый алкӕмӕн дӕр равдыста, мӕрдтӕй Йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй».


Уӕдӕ, чидӕриддӕр ма у, искӕмӕн тӕрхон куы кӕнай, уӕд дын уый ныххатыр кӕнӕн нӕй. Искӕмӕн тӕрхон кӕнгӕйӕ, ды дӕхицӕн дӕр тӕрхон кӕныс, уымӕн ӕмӕ, цӕй тыххӕй тӕрхон кӕныс, дӕхӕдӕг дӕр уый гӕнӕг дӕ.


Ау, афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, дӕхӕдӕг цы митӕ кӕныс, ахӕм миты тыххӕй искӕмӕн тӕрхонгӕнӕг куы уай, уӕд Хуыцауы тӕрхонӕй фервӕздзынӕ?


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Уый цӕуыл дзурӕг у? Ау, Хуыцау раст нӕ кӕны? Ницы хуызы!


Ӕмӕ ӕз фехъуыстон, дӕттыл кӕй бар цӕуы, уыцы зӕды хъӕлӕс: «Раст дӕ Ды, Чи ис ӕмӕ Чи уыди, уыцы сыгъдӕг Хуыцау, уымӕн ӕмӕ Ды ахӕм тӕрхон рахастай.


Уымӕн ӕмӕ Йӕ тӕрхӕттӕ сты раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам! Уый бафхӕрдта, йӕ хъахбайдзинадӕй зӕхх чи фехӕлдта, уыцы стыр хъахбайы ӕмӕ дзы райста Йӕ лӕггадгӕнджыты туг!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan