Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 16:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Саламтӕ — Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн — мемӕ Йесо Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 16:3
17 Iomraidhean Croise  

Аполлос ныфсджынӕй дзурын райдыдта синагогӕйы. Акилӕ ӕмӕ йӕм Прискиллӕ куы байхъуыстой, уӕд ӕй ахуыдтой сӕхимӕ ӕмӕ йын бӕлвырддӕр бацамыдтой Хуыцауы фӕндаг.


Саламтӕ — Чырыстийыл йӕхи ӕнувыдӕй равдисӕг Апеллесӕн. Саламтӕ — Аристовулы хӕдзаронтӕн.


Уыдон мӕн тыххӕй нӕ бавгъау кодтой сӕ цард дӕр, ӕмӕ сӕ ӕрмӕст ӕз нӕ дӕн бузныг, фӕлӕ кӕддӕры муртаттӕгты ӕппӕт аргъуантӕ дӕр. Саламтӕ — сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕрӕмбырд вӕййы, уымӕн дӕр.


Саламтӕ — ахӕстоны мемӕ чи уыди, мӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ Андроник ӕмӕ Юнийӕн. Уыдон апостолты ӕхсӕн зындгонд сты, Чырыстийыл мӕнӕй раздӕр баууӕндыдысты.


Саламтӕ — Урбанӕн, Чырыстиимӕ иудзинады не ’мкусӕгӕн, ӕмӕ мӕ уарзон хӕлар Стахийӕн.


Уӕдӕ Йесо Чырыстиимӕ чи ис, уыдонӕн тӕрхонгонд никуы уыдзӕн.


Йесойы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый Уд кӕд уӕ зӕрдӕйы цӕры, уӕд, Чырыстийы мӕрдтӕй Чи райгас кодта, Уый уӕ буар дӕр — мӕлӕтӕн лӕвӕрд — райгас кӕндзӕни, уӕ зӕрдӕйы Чи цӕры, Йӕ уыцы Уды руаджы.


Сыгъдӕг Уды царддӕттӕг ӕгъдау Йесо Чырыстийы руаджы дӕу ссӕрибар кодта тӕригъӕды ӕмӕ мӕлӕты ӕгъдауӕй.


ахӕмты, стӕй ма уыцы хъуыддаджы семӕ чидӕриддӕр фӕллой кӕны, уыдоны коммӕ кӕсут.


Салам уын ӕрвитынц Азийы аргъуантӕ; Бардарӕгимӕ иудзинады фӕрцы уын зӕрдиаг салам — Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйӕ, стӕй, сӕ хӕдзары цы аргъуан ӕмбырд кӕны, уымӕй дӕр.


Ӕз зонын иу чырыстон адӕймаджы. Цыппӕрдӕс азы размӕ йӕ, — нӕ зонын, йӕ буары уыд ӕви нӕ, Хуыцау ӕй зоны, — систӕуыд ӕртыккаг уӕларвмӕ.


Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у — йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард.


Иудейы чи ис, Чырыстийы уыцы аргъуанты уырнджытӕн лӕгӕй-лӕгмӕ зонгӕ нӕ уыдтӕн.


Ӕнӕмӕнг хъуыддагыл ма ноджы мӕхицӕн нымайын, бахъуаджы рӕстӕг мӕм ӕххуысмӕ кӕй ӕрбарвыстат, мӕ уыцы ӕфсымӕр, ӕмкусӕг ӕмӕ ӕмтохгӕнӕг Эпафродиты фӕстӕмӕ арвитын.


ӕмӕ Иуст кӕй хонынц, уыцы Йесо. Сунӕтгӕндтӕй ӕрмӕст уыдон кусынц мемӕ Хуыцауы Паддзахадӕн; стыр ныфс мын сты.


Саламтӕ ратт Прискиллӕ ӕмӕ Акилӕйӕн, стӕй Онисифоры хӕдзаронтӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan