Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 13:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уымӕ гӕсгӕ хицауадмӕ ныхмӕ лӕууӕг Хуыцауы уагӕвӕрды ныхмӕ цӕуы. Ахӕмтӕ сӕхӕдӕг сӕхи тӕрхойнаг фӕкӕндзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 13:2
14 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма Моисей загъта: «Дунедарӕг уын уӕ фаг ратдзӕн: изӕры — дзидза, райсомӕй та — дзул. Уымӕн ӕмӕ уын фехъуыста уӕ хъуыр-хъуыр. Сымах Дунедарӕгыл бустӕ кодтат, махыл нӕ, фӕлӕ. Мах чи стӕм?!»


Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.


Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, дыдзӕсгӕмттӕ! Адӕмӕн Уӕларвон Паддзахады дуар ӕхгӕнут; уӕхӕдӕг дӕр ӕм нӕ цӕут ӕмӕ йӕм бацӕуын кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут.


уыдон хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Ахӕмтӕ карз ӕфхӕрд баййафдзысты».


идӕдз устытӕн сӕ хӕдзӕрттӕ хӕрынц ӕмӕ уарзынц адӕмы цӕстмӕ кувын; уӕлдай карз ӕфхӕрд баййафдзысты уыдон».


Алы адӕймаг дӕр уӕлдӕр хицӕуттӕн коммӕгӕс уӕд, уымӕн ӕмӕ хицаудзинад кӕддӕриддӕр Хуыцауӕй лӕвӕрд у, ӕмӕ, цы хицауӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр Хуыцауы ӕвӕрд сты.


Хицӕуттӕй тӕссаг у, хорз хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн нӕ, фӕлӕ, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы, уыдонӕн. Фӕнды дӕ, цӕмӕй хицауадӕй ма тӕрсай, уый? Араз хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕ хицауад разы уыдзӕн.


Уӕдӕ коммӕ кӕсын хъӕуы канд ӕфхӕрд баййафыны тасӕй нӕ, фӕлӕ ӕфсӕрмӕй дӕр.


Исчи мӕ, чи зоны, бафӕрса: «Уӕдӕ ма нӕ цӕмӕй зылын кӕны? Йӕ уынаффӕйы ныхмӕ чи ӕрлӕудзӕн?»


Сӕ зӕрдыл сын лӕууын кӕн, цӕмӕй коммӕ кӕсой хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕн, алы хорз хъуыддагмӕ дӕр уой цӕттӕ,


Ме ’фсымӕртӕ, иууылдӕр ахуыргӕнджытӕ суӕвынмӕ ма тырнут. Махӕй, ахуыргӕнджытӕй, карздӕрӕй кӕй ӕрдомдӕуыдзӕн, уый сымахӕн зындгонд у.


Бардарӕджы сӕраппонд коммӕгӕс ут, кӕй бар уыл цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр: паддзахӕн — уӕлдӕр хицауиуӕггӕнӕгӕн,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan