9 Йесо Бардарӕг кӕй у, уый тыххӕй ӕргомӕй куы дзурай, ӕмӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, ууыл зӕрдӕйӕ куы ӕууӕндай, уӕд фервӕздзынӕ.
Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмы раз ӕргомӕй чи дзура, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕни Хуыцауы зӕдты раз.
Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Бардарӕг Йесойыл ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».
ӕмӕ Хуыцауы кадӕн алкӕй ӕвзаг дӕр расида, Йесо Чырысти — Бардарӕг, зӕгъгӕ.
Йӕ фӕрцы сымах баууӕндыдыстут Хуыцауыл. Уый Йӕ райгас кодта мӕрдтӕй ӕмӕ Йын радта кад, цӕмӕй сымах Хуыцауыл баууӕндат ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ дарат.
Чи сын стӕрхон кӕндзӕн? Чи амард, фӕлӕ ма мӕрдтӕй дӕр Чи райгас, уыцы Йесо Чырысти бады Хуыцауы рахизфарс ӕмӕ курӕг у мах тыххӕй.
Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фысты загъдӕуы: «Ӕз цардӕгас дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг дӕр, ӕмӕ алы ӕвзаг дӕр стаудзӕни Хуыцауы».
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: Сыгъдӕг Удӕй хайджын чи у, уый Йесойы нӕ ралгъитдзӕн, ӕмӕ, Сыгъдӕг Удӕй хайджын чи нӕу, уый Йесойы Бардарӕг не схондзӕн.
Уымӕн ӕмӕ дунейы фӕзынди, Йесо Чырысти адӕймаджы буары не ’рцыд, зӕгъгӕ, чи дзуры, бирӕ ахӕм фӕливджытӕ: ахӕм адӕймаг у фӕливӕг ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕг.
Йӕ ныййарджытӕ иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ ахӕм дзуапп уымӕн радтой, уымӕн ӕмӕ иудейӕгты уынаффӕмӕ гӕсгӕ, Йесойы ӕргомӕй Чырыстийыл чи банымайа, уый хъуамӕ синагогӕйӕ тард ӕрцыдаид.
Сӕ фӕндаг дардтой, афтӕмӕй ӕрбахӕццӕ сты донмӕ. Евнух загъта: «Мӕнӕ — дон, саргъауынӕн мӕ цы къуылымпы кӕны?»
Фӕлӕ Хуыцау арӕдывта мӕлӕты рӕхыстӕ ӕмӕ Йӕ райгас кодта — мӕлӕтӕн Ӕй йӕ бон бауромын нӕ уыд.
Йесойы Хуыцау райгас кодта, ӕмӕ уымӕн мах не ’ппӕт дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ.
фӕлӕ мах тыххӕй дӕр. Хуыцау рӕстгӕнджытыл банымайдзӕн мах дӕр, уымӕн ӕмӕ ӕууӕндӕм нӕ Бардарӕг Йесойы мӕрдтӕй Райгасгӕнӕгыл.
Уымӕн ӕмӕ, уырнындзинад йӕ зӕрдӕйӕ кӕмӕн цӕуы, уый схайджын вӕййы рӕстадӕй, ӕмӕ йыл ӕргомӕй чи дзуры, уый ирвӕзындзинад райсдзӕн.
Уымӕн ӕмӕ Чырысти дӕр уый тыххӕй амард ӕмӕ райгас ис, цӕмӕй мӕрдтӕн дӕр ӕмӕ удӕгӕстӕн дӕр сӕ Бардарӕг уа.
Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, ууыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уый баиу Хуыцауимӕ, ӕмӕ Хуыцау баиу йемӕ.