Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 10:2
22 Iomraidhean Croise  

Загъта йын: «Цом мемӕ ӕмӕ, Дунедарӕгыл куыд ӕнувыд дӕн, уый дӕр фен!» Ӕмӕ Йонадав араст ис йемӕ.


хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у, фӕлӕ Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдонӕн кад чи кӕны; кӕд йӕхицӕн исты зиан ӕрхӕсдзӕн, уӕддӕр йӕ сомы чи нӕ сайы;


Ӕнӕ зонынадӕй зӕрдӕйӕн зын у, тагъд чи кӕны, уый та фӕкӕлдзӕнис.


Уыцы бон Дунедарӕг Йӕ уӕззау, стыр ӕмӕ ӕгъатыр кард ӕруадздзӕн йӕ сӕр ӕфснайынмӕ тындзӕг Левиафаныл, ратас-батасгӕнӕг залымыл — амардзӕни Левиафаны.


Синагогӕтӕй тард ӕрцӕудзыстут. Ӕрцӕуы ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ, сымах чи мара, уый афтӕ ӕнхъӕл уыдзӕн, цыма уымӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕны.


Уыдон ӕм байхъуыстой, арфӕ ракодтой Хуыцауӕн ӕмӕ Павелӕн загътой: «Ӕфсымӕр, уыныс, цал мин иудейаджы баууӕндыди, уый! Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр ӕнувыд сты Моисейы Ӕгъдауыл.


Хъӕр систой: «Израилӕгтӕ, баххуыс кӕнут! Ацы адӕймаг алкӕй дӕр ӕмӕ алы ран дӕр ахуыр кӕны нӕ адӕмы, Ӕгъдауы ӕмӕ ацы бынаты ныхмӕ. Суанг ма муртаттӕгты дӕр бахуыдта Кувӕндонмӕ ӕмӕ фӕчъизи кодта ацы сыгъдӕг бынат!»


Адӕм ӕм хъуыстой, цалынмӕ ацы ныхӕстӕ нӕ загъта, уӕдмӕ. Уый фӕстӕ ныхъхъӕр кодтой: «Зӕххыл хъуамӕ ма уа! Удӕгасӕй йын ныууадзӕн нӕй!»


«Ӕз дӕн иудейаг, райгуырдтӕн киликиаг Тарсы. Схъомыл дӕн ацы сахары, Гамалиелы къухы, бӕстон сахуыр кодтон нӕ фыдӕлты Ӕгъдау. Сымах уе ’ппӕт дӕр абон Хуыцауыл куыд ӕнувыд стут, ӕз дӕр Ыл афтӕ ӕнувыд дӕн.


Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ.


Уыдон нӕ зыдтой, Хуыцау адӕймаджы куыд раст кӕны, уый ӕмӕ архайдтой сӕхи сраст кӕнынӕн сӕхи фӕндаг ссарыныл, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ басастысты Хуыцауы рӕстадӕн.


Ацы дунейы хуыцау уыцы ӕнӕуырнджыты бакуырм кодта, ӕмӕ нӕ уынынц Чырыстийы, Хуыцауы Халдихы, кадылдзурӕг Фарны Уацы тӕмӕнкалгӕ рухс.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс — уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ.


Сӕ къух цас нӕ амыдта, уый бӕрц куыд лӕвӕрдтой, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн.


Иудейаг диныл мӕхи хъарынӕй ӕз мӕ бирӕ дзуттаг ӕмгӕрттӕн фӕдӕн сӕ разӕй, ӕгӕр ӕнувыдӕй ӕххӕст кодтон мӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕ.


Уӕ цин цы фӕци? Мӕхӕдӕг ӕвдисӕн дӕн, гӕнӕн уын куы уыдаид, уӕд рафтыдтаиккат уӕ цӕстытӕ ӕмӕ сӕ раттаиккат мӕнӕн.


Ӕз кувын, цӕмӕй рӕза уӕ уарзондзинад, уӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕной ӕмӕ уӕм уа арф ӕмбарынад,


диныл фырӕнувыдӕй — Аргъуан ӕфхӕрӕг, Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ — ӕнӕфау рӕстгӕнӕг.


Ӕз ӕвдисӕн дӕн уӕ сӕраппонд, стӕй, Лаодикийы ӕмӕ Иераполы чи ис, уыдоны сӕраппонд, Эпафрас куыд бирӕ кусы, уымӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan