Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Ромӕгтӕм 10:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Ромӕгтӕм 10:1
14 Iomraidhean Croise  

Мацы Мӕ бадом! Мӕ маст сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сӕ бабын кӕндзынӕн — дӕуӕй та рантысын кӕндзынӕн стыр адӕм».


Ӕрхъуыды кӕн, дӕ цагъартӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Израилӕн куыд расомы кодтай, уый, — Ды расомы кодтай Дӕхицӕй, сӕ байзӕддаг сын арвы стъалытау кӕй сбирӕ кӕндзынӕ, зӕрдӕ сын цы зӕххӕй бавӕрдтай, уый дӕр сын сӕ байзӕддӕгтӕн мыггагмӕ кӕй ратдзынӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн».


Зоныс ӕй, ӕз Дӕумӕ фыййауӕй кусынмӕ нӕ бӕллыдтӕн, бӕллӕхы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ нӕ кастӕн. Мӕ дзыхӕй цы ссыди, уыдӕттӕ Дын ӕргом сты.


Ау, хорз ӕвзӕрӕй фидгӕ у? Мӕ фесафынӕн дзыхъхъ куы скъахтой! Ӕрхъуыды-ма кӕн: ӕз-иу Дӕ разы лӕууыдтӕн ӕмӕ сын хорзӕх куырдтон, цӕмӕй сӕ Дӕ маст аздахай.


Йерусалим, Йерусалим! Пехуымпарты марӕг ӕмӕ Хуыцауӕй ӕрвыстыты дуртӕй цӕгъдӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнынмӕ, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Ӕниу, Мӕн адӕймаджы ӕвдисӕнады сӕр нӕ хъӕуы, фӕлӕ йӕ уымӕн дзурын, цӕмӕй сымах фервӕзат.


Хуыцауыл ӕнувыд кӕй сты, уымӕн ӕз мӕхӕдӕг дӕн ӕвдисӕн, фӕлӕ сын зонындзинӕдтӕ нӕ фаг кӕны.


Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз Сионы ӕвӕрын Дур — ӕмӕ Йыл фӕкӕлдзысты, Къӕдзӕх — ӕмӕ сын цӕлхдур суыдзӕн. Фӕлӕ Йыл чи ӕууӕнды, уый нӕ фегад уыдзӕни».


Мӕн дӕр Дунедарӕг бахизӕд, сымах тыххӕй куынӕуал кувон, уыцы тӕригъӕдӕй! Ӕдзух уын кувдзынӕн ӕмӕ уӕ араздзынӕн хорз ӕмӕ раст фӕндагыл.


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


Самуел йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр нал федта Саулы, кӕд ыл хъынцъым кодта, уӕддӕр. Фӕлӕ ницыуал гӕнӕн уыд — Дунедарӕг фӕфӕсмон кодта, Саулы Израилӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan