Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 9:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Дыккаг бон Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта: Мысыры фос иууылдӕр фӕцагъды сты, израилӕгты фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 9:6
10 Iomraidhean Croise  

Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг!


Дунедарӕг ӕмбисӕхсӕв ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: цагъды фесты, паддзахы бадӕны чи бады, уыцы фараоны хистӕр фырт дӕр, ахӕстоны чи бады, уыцы уацайраджы хистӕр фырт дӕр, фосы фыццаг нӕл зӕйц дӕр.


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Мысыры зӕххыл гом арвы бын цыдӕриддӕр баззад, — адӕймагӕй, фосӕй, зайӕгойӕ, — иууылдӕр сӕ их ныххоста. Суанг ма бӕлӕстӕ дӕр ныссаста.


Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.


Дунедарӕг бахиздзӕн израилӕгты фосы, мысырӕгты фосыл та нӕ бацауӕрддзӕн. Израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“».


Ацы ӕфхӕрдӕн Дунедарӕг ӕмгъуыд дӕр скодта: «Райсом Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн ӕппӕт бӕстӕйы!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan