Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Дунедарӕг бахиздзӕн израилӕгты фосы, мысырӕгты фосыл та нӕ бацауӕрддзӕн. Израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 9:4
10 Iomraidhean Croise  

Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс.


Сымахӕн та уӕ хӕдзӕрттӕ тугӕй нысангонд уыдзысты ӕмӕ, уый фенгӕйӕ, уӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн. Ӕз Мысыры зӕхх ахъаззаг ӕрцӕвдзынӕн, фӕлӕ сымахӕн ӕппындӕр ницы уыдзӕн.


Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.


Ацы ӕфхӕрдӕн Дунедарӕг ӕмгъуыд дӕр скодта: «Райсом Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн ӕппӕт бӕстӕйы!»


Дыккаг бон Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта: Мысыры фос иууылдӕр фӕцагъды сты, израилӕгты фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди.


Ӕмӕ-иу Ӕз уый тыххӕй мӕнӕугӕрдӕнтӕй ӕртӕ мӕйы раздӕр зӕхмӕ доны ’ртах нал ӕруагътон, иу сахары-иу къӕвда ӕруарын кодтон, иннӕйы та нӕ; зӕххы иу хай-иу донӕй бафсӕстон, иннӕ та-иу бахус ис ӕнӕ донӕй.


Ӕмӕ уӕд ногӕй фендзыстут, рӕстуд ӕмӕ тӕригъӕдджыны, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ Йын лӕггад чи нӕ кӕны, уыдоны ’хсӕн цы хицӕндзинад ис, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan