34 Фараон куы федта, къӕвда, арвы нӕрын ӕмӕ их банцадысты, уӕд та йӕ раздӕры митыл схӕцыд: йӕ дӕлдӕртимӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой.
Уыцы тыхст заманы паддзах Ахаз фылдӕрӕй-фылдӕр гадзрахатӕй цыди Дунедарӕгыл.
Йӕ фыд Менассиайы хуызӕн, Амон не ’рфӕсмон кодта Дунедарӕджы раз, фӕлӕ ма йӕ тӕригъӕдтӕ ноджы фӕфылдӕр сты.
Цедекиа сыстади паддзах Навуходоносоры ныхмӕ, кӕд ын уый Хуыцауы раз ард бахӕрын кодта, уӕддӕр. Ахӕм хивӕнд ӕмӕ хиваст разынди, ӕмӕ йӕ ӕппындӕр Дунедарӕгмӕ, Израилы Хуыцаумӕ, йе ’ргом раздахын нал фӕндыд.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Хивӕнд у фараон. Нӕ йӕ фӕнды Мӕ адӕмы рауадзын.
Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.
Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд.
Дунедарӕг Моисейӕн куыд дзырдта, афтӕ та йӕ хивӕнд зӕрдӕйы уаг равдыста фараон ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.
Фыдгӕнджытӕн сӕ тӕрхоны заман тагъд не ’рцӕудзӕн, фыдбылызтӕ кӕнынӕй дӕр уымӕн нӕ тӕрсынц.
Цӕмӕн стут Мысыры адӕм ӕмӕ фараоны хуызӕн хиваст? Израилы Хуыцау сыл Йӕ хъару куы бавзӕрста, уӕд уыдон дзуттӕгты куы ауагътой!