3 уӕд Дунедарӕг Йӕ къух сисдзӕни, быдырты дын цыдӕриддӕр фос ис, уымӕ — бӕхтӕм, хӕрджытӕм, теуатӕм, стуртӕм, сӕгътӕм ӕмӕ фыстӕм: карз емынӕ сыл сыстдзӕн!
Уыйадыл Йосефмӕ ӕрбатардтой сӕ фос, ӕмӕ сын уый сӕ бӕхтӕ, сӕ фысвос, стурвос ӕмӕ хӕрджыты сӕрмӕ радта афӕдзваг хойраг.
Ӕз Дын раргом кодтон Дӕ рӕстад, мӕ дзыхыл нӕ ныххӕцыдтӕн Стыр ӕмбырды — о Дунедарӕг, зоныс ӕй Дӕхӕдӕг!
Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн».
уӕддӕр уӕм фараон нӕ байхъусдзӕн. Ӕмӕ уӕд Ӕз Мысырыл Мӕ цонджы хъару бавзардзынӕн. Мӕ адӕмы, израилӕгты ӕфсад, уырдыгӕй ракӕндзынӕн фӕд-фӕдыл, Мысыры бӕстӕ та Мӕ азары хай бакӕндзынӕн.
Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.
Мысыры адӕмау уыл рын бафтыдтон; уӕ лӕппуты уын карды цӕфӕй мардтон, уӕ бӕхты уын-иу уацары атардтой, уӕ асадӕнты-иу уӕ хӕстонтӕн сӕ мӕрдты смагмӕ улӕфыдыстут, фӕлӕ Мӕм уӕддӕр нӕ раздӕхтыстут, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ». Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта.
Кӕсут-иу: кӕд ӕмӕ йӕхи бӕстӕм, Бет-Шемешмӕ цӕуа, уӕд нын ацы стыр фыдбылыз Израилы Хуыцау ракодта, кӕд нӕ, уӕд та йӕ зондзыстӕм: мах ӕфхӕрд Уый къухӕй нӕ баййӕфтам, фӕлӕ ныл ацы хабар ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд».