23 Моисей йӕ лӕдзӕг арвмӕ сарӕзта, ӕмӕ Дунедарӕг зӕххыл арвы нӕрын, ихуард ӕмӕ ӕрвдзӕхӕр рауагъта. Дунедарӕг их ӕрцӕуын кодта Мысыры ӕппӕт зӕххыл дӕр.
Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон
Куы Хуыцауы цӕф, куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ.
арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ, Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ,
Чи уыны йӕ рӕдыдтытӕ? Ӕнӕзонгӕйӕ цы тӕригъӕдтӕ ракодтон, уыдонӕй мӕ ссыгъдӕг кӕн!
Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Скуывтон Дӕм, ӕмӕ мӕ сдзӕбӕх кодтай.
Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.
Ӕртыккаг бон сӕумӕйӕ арв нӕрын, цӕхӕртӕ калын байдыдта, стӕй хохыл ӕрбадти бӕзджын ӕврагъ. Хъӕрӕй ныууасыд сыкъауадындз, ӕмӕ рӕсӕнуаты адӕм барызтысты.
Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты.
Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.
Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ.
Уӕд ныййазӕлдзӕни Дунедарӕджы нӕргӕ хъӕлӕс; Йӕ хъомыс равдисдзӕни Йӕ фыр мӕстӕй пиллонкалгӕ арт, тыгъдызӕй ӕмӕ ихуарды хуызы.
Ӕз ӕй бафхӕрдзынӕн емынӕйӕ ӕмӕ тугныккалдӕй. Йӕхиуыл дӕр ӕмӕ йын йе ’рдонгтыл дӕр, стӕй ма ноджыдӕр — йемӕ чи рацыд, йӕ уыцы бирӕ адӕмтыл дӕр ныккалдзынӕн хъаймӕты тыгъдызӕй, их дуртӕ ӕмӕ судзгӕ сондон.
Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.
Арв цӕхӕртӕ калдта, ныггыбар-гыбур кодта, ӕмӕ зӕхх нынкъуысти. Зӕххыл адӕймаг куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ ахӕм зӕххӕнкъуыст никуыма уыди.
Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм ихрыны тыххӕй Хуыцауы ӕлгъыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын хъизӕмарӕй мардта.
Фыццаг зӕд сыкъауадындзӕй ныууасыд, ӕмӕ зӕххыл ныууарыдысты их ӕмӕ арт тугӕмхӕццӕйӕ. Басыгъд зӕххы ӕртыццаг хай, басыгъд бӕлӕсты ӕртыццаг хай, басыгъд цъӕх кӕрдӕг ӕгасӕй дӕр.