Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 9:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Йӕ ныхас Ын чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ цагъарты дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр ныууагътой гом арвы бын.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 9:21
11 Iomraidhean Croise  

Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».


Уый Йӕ зӕрдӕ куы сӕхгӕнид, Йӕ комулӕфт, Йӕ царды комулӕфт фӕстӕмӕ куы райсид,


Уый аккаг у адӕймаг, ӕмӕ йӕ Ды афтӕ скадджын кӕнай ӕмӕ дзы Дӕ цӕст ма исай?


Цы ’рцыд, уый ӕппындӕр ницӕмӕ ӕрдардта, афтӕмӕй аздӕхт йӕ галуанмӕ.


Фараоны дӕлдӕртӕй Дунедарӕджы ныхасӕй чи фӕтарст, уыдон агъуысты бааууон кодтой сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ фос.


Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Арвмӕ сдар дӕ къухтӕ, ӕмӕ ӕгас Мысыры зӕххыл их ӕрцӕудзӕн. Их ныххойдзӕн адӕмы дӕр, фосы дӕр, зайӕгойты дӕр».


Зондджын фыдбылыз рагацау уыны ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбӕхсы, ӕнӕхин та йӕ фӕндагыл ӕмраст ацӕуы ӕмӕ ӕфхӕрд баййафы.


Ӕз кастӕн ӕмӕ хъуыды кодтон, мӕнӕ цы федтон ӕмӕ бамбӕрстон:


Уыцы лӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Кӕс дӕ цӕстытӕй, хъус дӕ хъустӕй ӕмӕ фиппай, цыдӕриддӕр дын равдисон, уыдӕттӕ. Ардӕм уый тыххӕй конд ӕрцыдтӕ, цӕмӕй дын сӕ равдисон. Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фенай, уый-иу Израилы адӕмӕн радзур».


Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Даниил! Сусӕгтӕ бамбарынмӕ тырнгӕйӕ, Хуыцауы раз сӕрныллӕгӕй фыццаг хатт куы ӕрлӕууыдтӕ, уӕд дын тӕккӕ уыцы бон дӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ ӕз уымӕн ӕрцыдтӕн.


уый фӕстӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Йӕ уӕлхъус цы сылгоймӕгтӕ лӕууыди, уыдон ын ныфсытӕ ӕвӕрдтой: «Ма тӕрс, лӕппу ныййардтай». Фӕлӕ сӕ уый хъуыды дӕр нӕ кодта, ницы дзуапп сын лӕвӕрдта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan