Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 9:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 9:18
14 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ Иезавел Илийамӕ арвыста йӕ минӕвары, афтӕ йын зӕгъынмӕ: «Афтӕтӕ ӕмӕ уфтӕтӕ, стӕй мын ноджы фыддӕртӕ фӕуӕнт хуыцӕуттӕ, ды пехуымпартӕн куыд бакодтай, афтӕ ӕз дӕр дӕуӕн райсом ацафон куынӕ бакӕнон».


Уый тыххӕй дӕм райсом ацафон барвитдзынӕн мӕ адӕмы, цӕмӕй дын басгарой дӕ галуан ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ, дӕ зӕрдӕйӕн адджын цыдӕриддӕр у, уыдон рахӕссой».


Ууыл Елисей загъта: «Дунедарӕджы уынаффӕмӕ байхъусут! Райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кӕндзысты иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр афтӕ».


Уый паддзахӕн афтӕ куы загъта, райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт дӕр ӕмӕ хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр иу шекелыл уӕй кӕндзысты, зӕгъгӕ,


Куы Хуыцауы цӕф, куы та Йӕ хорзӕх ӕрхӕссынц зӕхмӕ.


Миты ӕфтауцдоны искуы уыдтӕ, ихы хӕзнадон искуы федтай,


бӕллӕхы заманмӕ кӕй ӕвӕрын, хӕст ӕмӕ тохы бонмӕ?


Мӕтыхтӕ сӕхи андзӕрстой Мысыры зӕххыл ӕмӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй бацахстой. Уый бӕрц мӕтыхтӕ уӕды онг дӕр нӕ фендӕуыд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ фендӕуыдзӕн.


Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ галуан, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ. Уӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм бӕллӕх никуыма фендӕуыд“». Моисей йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ фараоны галуанӕй рацыд.


Мысыры бӕстӕ ныццараудзысты, уый размӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыд ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр кӕй никуы фехъуыстӕуыдзӕн, ахӕм судзаггаг хъарджытӕ.


Ацы бон дӕр ма Мын ды Мӕ адӕмыл дӕ хъал калыс, дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй сӕ рауадзын.


Адӕмыл арвӕй ныууарыди таланты ӕмуӕз их; ӕмӕ адӕм ихрыны тыххӕй Хуыцауы ӕлгъыстой, уымӕн ӕмӕ сӕ уыцы рын хъизӕмарӕй мардта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan