16 Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл.
Зӕххон адӕмтӕй дӕр кӕцыйӕн ис абарӕн Дӕ адӕмимӕ, Израилимӕ? Ды сӕм раргом дӕ, цӕмӕй сӕ балхӕнай ӕмӕ Дӕхи бауой, сӕ сӕраппонд стыр диссӕгтӕ саразай ӕмӕ Дӕ ном скадджын кӕнай. Ды, Дӕхицӕн Мысырӕй кӕй раирвӕзын кодтай, Дӕ уыцы адӕмы цурӕй ӕндӕр адӕмты ӕд хуыцӕуттӕ фӕсырдтай.
Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв фӕзынди Дунедарӕджы зӕд ӕмӕ ассириӕгты рӕсӕнуаты ныццагъта сӕдӕ ӕстай фондз мин хӕстоны. Сбон ис, ӕмӕ мӕнӕ алырдыгӕй — мӕрдтӕ.
Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.
ӕмӕ Ды ӕмбисондӕн хӕссыны ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдыстай фараоны, йе ’ппӕт цагъарты ӕмӕ йӕ бӕстӕйы ӕппӕт адӕмы раз, уымӕн ӕмӕ Ды зыдтай, сӕ къӕхты бын нӕ куыд кодтой, уый, ӕмӕ уымӕй Дӕхицӕн ном скодтай абоны онг.
Уӕдӕ стауӕнт Дунедарӕджы Йӕ хорзӕхы тыххӕй, адӕмӕн цы диссаджы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдоны тыххӕй!
Зӕххы кӕрӕтты Де ’вдисӕйнӕгтӕй адӕм фыр тӕссӕй ризынц, скӕсӕн ӕмӕ Дӕ ныгуылӕны стауынц.
Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?
Мысырӕгтӕ Мӕ фӕндӕй уӕддӕр сӕ хиваст зонд нӕ ныууадздзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл агуылф кӕндзысты. Уыйадыл фараоны Мӕ азар баййафдзӕн — ӕд ӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ, ӕд бӕхджынтӕ.
Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
Ныр ӕз базыдтон, иннӕ хуыцӕуттӕ сӕхи цыфӕнды бӕрзонд куы ӕвӕрой, уӕддӕр Дунедарӕг се ’ппӕтӕй уӕлдӕр кӕй у, уый!».
Мӕ къух дӕм куы систаин ӕмӕ дын дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр емынӕ куы сыстын кодтаин, уӕд зӕххы цъарыл дӕ кой дӕр нал уаид.
Ацы бон дӕр ма Мын ды Мӕ адӕмыл дӕ хъал калыс, дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй сӕ рауадзын.
Дунедарӕг алцыдӕр йӕхи нысанӕн сфӕлдыста, суанг ӕнӕхуыцауы дӕр бӕллӕхы бонмӕ хъахъхъӕны.
Ды фенын кодтай ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ Мысыры. Абоны онг сӕ Израил ӕмӕ ӕппӕт адӕмы ’хсӕн ӕвдисыс, скадджын кодтай Дӕхи, ӕмӕ уыцы кад Демӕ ис ныр дӕр.
Ӕз Мӕ кад раргом кӕндзынӕн адӕмтӕн, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты Мӕ тӕрхон, Мӕ къухы уӕз Мын бавзардзысты сӕхиуыл.
Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Йӕ рӕгъауы ӕнӕсахъат нӕлвос кӕмӕн ис, афтӕмӕй Дунедарӕгӕн цӕнкуыл фосы нывондӕн чи ’рбахӕссы, уыцы фӕлитой ӕлгъыст у, уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн хъомысджын Паддзах, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Мӕ ном стыр тасы ӕфтауы адӕмты.
Фӕлӕ Ӕз сомы кӕны Мӕхицӕй ӕмӕ, ацы зӕхх йемыдзаг кӕмӕй у, Дунедарӕджы уыцы кадӕй,
Хуыцау Сыгъдӕг Фысты зӕгъы фараонӕн: «Бӕрзонд бынаты дӕ Ӕз уымӕн сӕвӕрдтон, цӕмӕй дӕ фӕрцы равдисон Мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл».
Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.
Уадз ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр базоной, Дунедарӕджы къух куыд тыхджын у, уый, ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр ӕдзухдӕр куыд кад кӕнат Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн!»
Уымӕн ӕмӕ исчи ӕназымӕй ӕфхӕрд ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ куы ӕвзара ӕмӕ, йӕ зӕрдӕ Хуыцауимӕ кӕй ис, уый сӕраппонд куы быхса, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у.
ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.
Уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрбаирвӕзтысты ӕнӕхуыцау чидӕртӕ. Уыдон нӕ Хуыцауы хорзӕхӕй сӕхицӕн сарӕзтой ӕлгъаг миты фӕрӕз, сӕхи тигъ кӕнынц нӕ иунӕг Паддзах ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийыл. Рагӕй-ӕрӕгмӕ фыст ис, уыдон аккаг ӕфхӕрд кӕй баййафдзысты, уый тыххӕй.
Додойаг нӕ сӕртӕ! Уыцы хъомысджын Хуыцауы къухӕй нӕ чи аирвӕзын кӕндзӕн? Уый, мысырӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры Йӕ бӕллӕх Чи сӕвӕрдта, уыцы Хуыцау у.