Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 8:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Уӕд фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Цӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн мах зӕххыл ӕрхӕссут нывӕндтӕ».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 8:25
9 Iomraidhean Croise  

Фараон тагъд фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Азымджын дӕн Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сымах раз.


Фараон Моисеймӕ басидт ӕмӕ йын афтӕ: «Ацӕут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувут. Уӕ сабитӕ дӕр ацӕуӕнт уемӕ, фӕлӕ уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стуртӕ ам уадзут».


Уӕд Моисей ӕмӕ Аароны фӕстӕмӕ раздӕхтой, ӕмӕ сын фараон загъта: «Ацӕут ӕмӕ бакувут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ. Чи уӕ ацӕудзӕн?»


Раст уыцы ӕхсӕв фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Сыстут мӕ адӕмы ’хсӕнӕй, сымах дӕр ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ, куыд дзырдтат, афтӕ цӕут ӕмӕ Дунедарӕгӕн бакувут.


Фараон Моисей ӕмӕ Ааронмӕ басидт ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕгӕн балӕгъстӕ кӕнут, цӕмӕй мын мӕхи ӕмӕ мӕ адӕмы ацы галхӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Уӕд израилӕгты ауадздзынӕн Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ».


Фараон фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕдджын дӕн ӕз. Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та зылынджын стӕм.


Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».


Уӕдӕ дзӕгъӕлдзырд мауал кӕнут, науӕд уӕ рӕхыстӕ ноджы уӕззаудӕр суыдзысты. Дунедарӕгӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕй, фехъуыстон, ӕгас зӕххӕн йе сӕфт нысангонд кӕй у, уый.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan