23 Мӕ адӕмы Ӕз бахиздзынӕн фыдбылызӕй, дӕ адӕмы та — нӕ. Ацы хабар ӕрцӕудзӕни райсом“».
Ууыл Елисей загъта: «Дунедарӕджы уынаффӕмӕ байхъусут! Райсом ацафон Самарийы кулдуары цур ӕвзаргӕ ссады мӕрт уӕй кӕндзысты иу шекелыл, хъӕбӕрхоры дыууӕ мӕрты дӕр афтӕ».
Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын тӕккӕ райсом дӕ бӕстӕ мӕтыхты хай бакӕндзынӕн.
Израилы адӕмы хистӕртӕ дӕм байхъусдзысты, ӕмӕ-иу семӕ бацу Мысыры паддзахмӕ ӕмӕ йын-иу зӕгъут: „Ӕргом нӕм рацыди Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау. Уӕдӕ нӕ ауадз, ӕртӕ бонцауы фӕцӕудзыстӕм ӕдзӕрӕг быдырмӕ, цӕмӕй уым нывонд ӕрхӕссӕм Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн“.
Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.
Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта. Фараоны галуан, йӕ дӕлдӕрты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт зӕхх бӕз-бӕз кодтой дзынгатӕй. Сӕфтмӕ сӕ ӕрцыди бӕстӕ.
Ацы ӕфхӕрдӕн Дунедарӕг ӕмгъуыд дӕр скодта: «Райсом Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн ӕппӕт бӕстӕйы!»