Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 8:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Нӕ сӕ рауагътай, зӕгъгӕ, уӕд уӕм дзынгайы азар кӕсы — дӕхимӕ дӕр, дӕ дӕлдӕртӕм дӕр, дӕ адӕммӕ дӕр ӕмӕ дӕ галуанмӕ дӕр. Ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ суанг уӕ къӕхты бын зӕхх дӕр бӕз-бӕз кӕндзысты дзынгатӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 8:21
7 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй Пинхас рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыди фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, ӕнусмӕ.


Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ галуан, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ. Уӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм бӕллӕх никуыма фендӕуыд“». Моисей йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ фараоны галуанӕй рацыд.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райсом-иу раджы сыст. Фараон доны былмӕ куы рацӕуа, уӕд ӕм баздӕх, Дунедарӕг, дам, зӕгъы: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.


Мӕ адӕм кӕм цӕрынц, уыцы Гошены зӕхх та бахиздзынӕн фыдбылызӕй — уым нӕ уыдзӕнис дзынгатӕ, цӕмӕй ды зонай: Ӕз, Дунедарӕг, ацы зӕххыл дӕн.


Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта. Фараоны галуан, йӕ дӕлдӕрты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт зӕхх бӕз-бӕз кодтой дзынгатӕй. Сӕфтмӕ сӕ ӕрцыди бӕстӕ.


Уӕд Дунедарӕг фехситт кӕндзӕн бындзытӕм — Нилы донгуырӕнты цӕрджытӕм ӕмӕ Ассирийы мыдыбындзытӕм.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan