Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 8:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр бӕргӕ архайдтой сӕ кӕлӕнты руаджы дунейы рухсмӕ сасчытӕ рауадзын, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр сасчыты бын фесты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 8:18
13 Iomraidhean Croise  

Фараон катайы бацыд ӕмӕ райсомӕй Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ куырыхонтӕм се ’гасмӕ дӕр фӕсидт ӕмӕ сын йӕ фынтӕ радзырдта. Фӕлӕ уыдонӕй никӕй бон баци фараоны фынтӕ райхалын.


Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс.


Уӕд фараон фӕсидти йӕ куырыхонтӕм ӕмӕ йӕ кӕлӕнгӕнджытӕм, ӕмӕ Мысыры дӕсныфӕрсджытӕ дӕр хин ӕмӕ кӕлӕны руаджы афтӕ бакодтой:


алчи сӕ йӕ лӕдзӕг аппӕрста, ӕмӕ лӕдзджытӕ кӕлмытӕ фестадысты. Фӕлӕ Аароны лӕдзӕг иннӕ лӕдзджытӕ аныхъуырдта!


Уӕд Мысыры кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр сӕ кӕлӕнты руаджы Мысыры зӕхх галхӕфсытӕй байдзаг кодтой.


Кӕлӕнгӕнджыты бон нал уыд Моисеимӕ сӕ тых ӕвзарын: уыдоны буар дӕр, иннӕ мысырӕгтау, хӕфдзӕстытӕ фестад.


Цы фесты, фараон, дӕ куырыхонтӕ? Зӕгъӕнт-ма дын уӕдӕ ӕмӕ базонӕнт, Уӕларвӕфсады Бардарӕг Мысырӕн цы тӕрхон рахаста, уый!


Мӕ хуыссӕнуаты ӕз мӕ фыны федтон: зӕххы астӕу егъау ӕмӕ фидар бӕлас лӕууыд, йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.


Паддзахы куырыхонтӕ иууылдӕр ӕрбацыдысты, фӕлӕ фыст бакӕсын ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый паддзахӕн радзурын сӕ иуы бон дӕр нӕ баци.


Йесо сын загъта: «Ӕз федтон сайтаны уӕларвӕй ӕрвӕрттывдау ӕрхаугӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan