Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 8:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй зӕххы рыг ӕрцӕва, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг ис, уый саск феста».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 8:16
7 Iomraidhean Croise  

Уый тыххӕй Пинхас рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыди фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, ӕнусмӕ.


Ӕз дын загътон, рауадз Мын Мӕ фырты, ӕмӕ Мӕм бакува. Ды йӕ нӕ рауагътай, ӕмӕ дын Ӕз дӕ хистӕр фырты амардзынӕн“».


Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“».


Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.


Ӕмӕ афтӕ бакодтой: Аарон йӕ лӕдзӕгӕй февзыста, зӕххы рыг дзы ӕрцавта, ӕмӕ адӕм ӕмӕ фос сасчыты бынӕй нал зындысты. Сасчытӕ фестади, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг уыдис, уый.


Кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр бӕргӕ архайдтой сӕ кӕлӕнты руаджы дунейы рухсмӕ сасчытӕ рауадзын, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр сасчыты бын фесты.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Зӕгъ Ааронӕн, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй февзида цӕугӕдӕттӕм, Нилы къабӕзтӕм ӕмӕ цадтӕм ӕмӕ галхӕфсыты Мысыры зӕхмӕ рахизын кӕна».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan