13 Дунедарӕг Моисейы курдиат сӕххӕст кодта: галхӕфсытӕ ныххӕдмӕл сты хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты.
Уыдонӕн сӕ хӕс уыди Аароны байзӕддӕгтӕн, Дунедарӕджы хӕдзары чи лӕггад кодта, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Сӕ бӕрны уыдысты Кувӕндоны кӕртытӕ ӕмӕ хатӕнтӕ. Се ’вджид ма сын бакодтой ӕппӕт уаз дзауматӕ сыгъдӕгӕй дарын, стӕй Хуыцауы хӕдзары иннӕ куыстытӕ дӕр кӕнын.
Уый тыххӕй Пинхас рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцыди фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ, ӕнусмӕ.
Галхӕфсытӕй ирвӕзт уыдзынӕ ды дӕр, дӕ галуан дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Уыдзысты ма ӕрмӕстдӕр Нилы».
Моисей ӕмӕ Аарон куы рацыдысты фараонӕй, уӕд Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоны цы галхӕфсыты ахӕсты фӕкодта, уыдоны фесафа.
Хӕфсыты мӕрдтӕй кӕритӕ амадтой, ӕмӕ се смагӕй бӕстӕ байдзаг ис.