11 Галхӕфсытӕй ирвӕзт уыдзынӕ ды дӕр, дӕ галуан дӕр, дӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Уыдзысты ма ӕрмӕстдӕр Нилы».
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Мысырмӕ куы баздӕхай, уӕд-иу, хъусыс, диссӕгтӕ саразыны тыххӕй дын цы хъару радтон, уый фараоны раз равдис. Ӕз та йын йӕ зӕрдӕ ныддур кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмы нӕ рауадздзӕн.
Уӕддӕр фараон нӕ басаст ӕмӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Хивӕнд у фараон. Нӕ йӕ фӕнды Мӕ адӕмы рауадзын.
Моисей ӕмӕ Аарон куы рацыдысты фараонӕй, уӕд Моисей Дунедарӕгмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоны цы галхӕфсыты ахӕсты фӕкодта, уыдоны фесафа.
Дунедарӕг Моисейы курдиат сӕххӕст кодта: галхӕфсытӕ ныххӕдмӕл сты хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты.
Нилы бӕз-бӕз кӕндзысты, донӕй рахиздзысты ӕмӕ дын дӕ галуанмӕ, дӕ уатмӕ бабырдзысты, дӕ сынтӕгмӕ дын схиздзысты. Дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хӕдзӕртты, уӕ пецтӕ ӕмӕ уӕ хыссӕйы арынгты байдзаг уыдзысты.
Моисей дзуапп радта фараонӕн: «Ӕз кувдзынӕн дӕу тыххӕй, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, фӕлӕ снысан кӕн, уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ хӕдзӕрттӕ дӕр цы рӕстӕгмӕ хъуамӕ ссыгъдӕг уой, уый. Галхӕфсытӕ ма баззайдзӕн ӕрмӕстдӕр Нилы».