9 «Фараон уӕ, диссаг равдисут, зӕгъгӕ, куы дома, уӕд-иу Ааронӕн йӕ лӕдзӕг фараоны раз аппарын кӕн, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестдзӕн».
Моисей йӕ лӕдзӕгӕй февзыста Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл Дунедарӕг скӕсӕйнаг дымгӕ рауагъта. Дымгӕ ӕгас бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв фӕдымдта, ӕмӕ райсомӕй скӕсӕнӕй йемӕ мӕтыхтӕ ӕрбахаста.
Айс демӕ ацы лӕдзӕг — уый ӕххуысӕй диссӕгтӕ сараздзынӕ».
Дунедарӕг ӕй бафарста: «Уый та дӕ къухы цы ис?» Моисей дзуапп радта: «Лӕдзӕг».
Моисей йӕ ус ӕмӕ йӕ фыртты хӕрӕгыл сӕвӕрдта, Хуыцауы лӕдзӕг йемӕ райста ӕмӕ араст ис Мысырмӕ.
Дунедарӕг ын загъта: «Аппар ӕй зӕхмӕ». Моисей йӕ аппӕрста. Лӕдзӕг калм фестадис, ӕмӕ Моисей лидзынмӕ фӕци.
Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:
Моисей йӕ лӕдзӕг арвмӕ сарӕзта, ӕмӕ Дунедарӕг зӕххыл арвы нӕрын, ихуард ӕмӕ ӕрвдзӕхӕр рауагъта. Дунедарӕг их ӕрцӕуын кодта Мысыры ӕппӕт зӕххыл дӕр.
«Дунедарӕгӕй, дӕ Хуыцауӕй, ӕвдисӕйнаг ракур, фӕнды дӕлдзӕхӕй, фӕнды уӕларвӕй — уӕлдай нӕу».
Фехъусын ын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фараон, Мысыры паддзах, стыр кӕфхъуындар, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ! Нилы донӕфтӕны бадыс ӕмӕ дзурыс, ай мӕ цӕугӕдон у, мӕхицӕн ӕй сарӕзтон, зӕгъгӕ.
Йесо сын дзуапп радта: «Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сивта, уыцы хӕлд фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг домынц, фӕлӕ Ионӕ-пехуымпары диссагӕй уӕлдай ницы диссаг фендзысты.
Фӕлӕ сӕ кӕд кӕнын ӕмӕ Мыл уӕддӕр не ’ууӕндут, уӕд Мӕ хъуыддӕгтыл баууӕндут, цӕмӕй базонат ӕмӕ бамбарат, Мӕ Фыд Мемӕ иу кӕй у ӕмӕ Ӕз дӕр Мӕ Фыдимӕ иу кӕй дӕн, уый».
Уӕд Ӕй иудейӕгтӕ бафарстой: «Ахӕм бартӕ Дӕм кӕй ис, ууыл нӕ цӕмӕй баууӕндын кӕндзынӕ?»
Уӕд Ын загътой: «Цавӕр диссаг нын равдисдзынӕ, цӕмӕй Дыл, уый фенгӕйӕ, баууӕндӕм? Цы саразын у Дӕ бон?