Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Рацыд 7:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Фараонимӕ куы ныхас кодтой, уӕд Моисейыл цыди цыппарыссӕдз азы, Аароныл та — ӕртӕ ӕмӕ цыппарыссӕдз.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Рацыд 7:7
11 Iomraidhean Croise  

Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.


ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн.


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн:


Аарон Оры хохы сӕр куы амарди, уӕд ыл цыди сӕдӕ дыууын ӕртӕ азы.


Дыууиссӕдз азы йыл куы цыди, уӕд ӕм фӕзындис йе ’фсымӕрты, Израилы адӕмы, бабӕрӕг кӕныны фӕнд.


Дыууиссӕдз азы фӕстӕ йӕм Синайы хохмӕ хӕстӕг ӕдзӕрӕг быдыры, судзгӕ сындзкъутӕры арты ӕвзӕгты, фӕзынди зӕд.


Дыууиссӕдз азы дӕргъы уӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕкодтон, фӕлӕ уӕ дарӕс дӕр нӕ баихсыди уӕ уӕлӕ, ӕмӕ уӕ дзабыртӕ дӕр нӕ баихсыдысты уӕ къӕхтыл.


уӕд ма сын ноджы загъта: «Сӕдӕ дыууын азы мыл цӕуы ныр. Цӕуынтӕн нал дӕн. Дунедарӕг мын загъта: „Иорданы сӕрты нӕ ахиздзынӕ ды“.


Моисейыл уӕд цыди сӕдӕ дыууын азы, фӕлӕ цӕстӕй дӕр ӕмӕ хъаруйӕ дӕр нӕма фӕцудыдта.


Иу заман сӕм уырдӕм арвыстон Моисей ӕмӕ Аароны, Мысыры адӕмыл фыдрынтӕ бафтыдтон, цӕмӕй уӕ уырдыгӕй раирвӕзын кӕнон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan